Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 2:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Фӕлӕ дӕ уӕддӕр азымджыныл нымайын: йӕхи пехуымпар чи хоны, уыцы сылгоймаг Иезавелӕн дӕттыс йӕ ахуырадӕй Мӕ цагъарты фӕливыны фадат — ардауы сӕ хӕтыныл ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хӕрыныл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 2:20
19 Iomraidhean Croise  

Наваты фырт Йоровамы тӕригъӕдджын митӕ кӕй фӕзмыдта, уый йын ӕгъгъӕд нӕ уыди, фӕлӕ ма ракуырдта сидойнӕгты паддзах Етбаалы чызг Иезавелы ӕмӕ кувын байдыдта Баалӕн.


Илийа йын загъта: «Ацу ӕмӕ скӕн, цы загътай, уый. Ӕрмӕст уал фыццаг мӕнӕн иу гыццыл сойыфых акӕн ӕмӕ мын ӕй ардӕм рахӕсс. Дӕхицӕн ӕмӕ дӕ лӕппуйӕн та уый фӕстӕ скӕндзынӕ. Мацӕмӕй тӕрс,


Йӕ донӕй йын сӕтдзынӕ дӕ дойны, сынтытӕн та Ӕз бафӕдзӕхстон, ӕмӕ дын хӕринаг хӕсдзысты уырдӕм».


Йорам Йегуйы куы ауыдта, уӕд ӕй бафарста: «Куыд сты хабӕрттӕ?» Йегу йын афтӕ: «Куыд хъуамӕ уой, дӕ мад Иезавел кӕйдӕр хуыцӕуттӕм куы кува ӕмӕ йӕхи ӕдзух дӕсныфӕрсӕнтыл куы ирхӕфса, уӕд?»


Ды ныццӕгъддзынӕ дӕ паддзах Ахавы байзӕддӕгты ӕмӕ Мын афтӕмӕй райсдзынӕ Мӕ маст. Райсдзынӕ, Иезавел кӕй амарын кодта, Мӕ уыцы цагъарты туг: Мӕ пехуымпарты ӕмӕ Ме ’ппӕт лӕггадгӕнджыты туг.


Уыцы зӕххы цӕрджытимӕ макуы бафидаут. Кӕннод, сӕ хуыцӕуттӕм кувгӕйӕ, нывӕндтӕ сын хӕсгӕйӕ, фӕхондзысты сымах дӕр, ӕмӕ сын сӕ нывӕндты дзидзайӕ хӕрдзыстут.


Адӕймаджы фырт! Израилы сылгоймӕгтӕм, хивӕндӕй пехуымпариуӕг чи кӕны, уыдонмӕ де ’ргом фездах ӕмӕ сӕ ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн. Зӕгъ сын:


Фӕлӕ сӕм ныффыссӕм, ӕмӕ сӕхи бахизӕнт, мӕнгхуыцӕуттӕн нывондӕн кӕй ӕрхастой ӕмӕ уый аххосӕй чи фӕчъизи, уыцы хойраг хӕрынӕй, хъахбайдзинадӕй, хӕдмӕл дзидза ӕмӕ туг хӕрынӕй [стӕй, сӕхицӕн сӕ цы нӕ фӕнды, уый иннӕтӕн дӕр ма кӕнӕнт].


мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕ, туг ӕмӕ хӕдмӕл дзидза хӕрынӕй, стӕй хъахбайдзинадӕй хи хизын [ӕмӕ, уӕхицӕн уӕ цы нӕ фӕнды, уый искӕмӕн нӕ кӕнын]. Уыдӕттӕй уӕхи куы хизат, уӕд раст бакӕндзыстут. Хӕрзбон».


Фӕлӕ уын исчи куы зӕгъа: «Уый мӕнгхуыцауӕн хаст нывонд у», уӕд зӕгъӕгӕй ма фефсӕрмы кӕнут ӕмӕ дзы ма бахӕрут.


Фӕлӕ дӕ уӕддӕр иу цасдӕр азымджыныл нымайын, уымӕн ӕмӕ сымахмӕ ис, Балаамы ахуырадыл хӕст чи у, ахӕмтӕ; Балаам та сахуыр кодта Балакы, ӕмӕ уый Израилы адӕмы сардыдта мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕ хӕрын ӕмӕ хӕлд митӕ кӕныныл.


Фӕлӕ дӕ азымджыныл нымайын, дӕ фыццаг уарзт дӕм кӕй нал ис, уый тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan