Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 2:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ, дӕ фӕллой, фӕразон кӕй дӕ, ӕнӕуаг адӕмӕн кӕй нӕ быхсыс, йӕхи апостол чи хоны, уӕвгӕ та апостол чи нӕу, уыдоны кӕй бафӕлвӕрдтай ӕмӕ, мӕнгард кӕй сты, уый кӕй базыдтай, уыдӕттӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 2:2
21 Iomraidhean Croise  

Уымӕн ӕмӕ рӕстудты фӕндагмӕ Дунедарӕг Йӕ цӕст дары, фыдгӕнджыты фӕндаг та сӕфтмӕ кӕны.


Ӕмӕ сын Ӕз уӕд дзуапп ратдзынӕн: «Ӕз уӕ никуы зыдтон. Ацӕут Мӕ цурӕй, фыдгӕнджытӕ!»


Афтӕ дзырдта Филиппы бафӕлварыны тыххӕй. Йӕхӕдӕг та ныридӕгӕн зыдта, цы бакӕндзӕни, уый.


Уый ӕндӕр Фарны Уац нӕу, ӕрмӕст ис, уӕ зонд уын чи змӕнты ӕмӕ Чырыстийы Фарны Уац сзыгъуыммӕ кӕнын кӕй фӕнды, ахӕмтӕ.


Уӕд нал уыдзыстӕм, алы ахуырӕдтӕ уылӕнтау кӕмӕй хъазынц ӕмӕ дымгӕйау кӕй ахӕссынц, ахӕм сабитӕ; сайынмӕ дӕсны чи у, уыдоны амӕттаг нал уыдзыстӕм.


нӕ Фыд Хуыцауы раз, мах иудадзыг нӕ зӕрдыл дарӕм, уӕ уырнындзинад уӕ цы хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕны ӕмӕ уарзтимӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ныфсӕй цы фӕллой кӕнут ӕмӕ куыд ӕнӕфӕцудгӕ стут, уый.


Раиртасут алцыдӕр ӕмӕ хӕцут, хуыздӕр цы у, ууыл.


Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хуыцау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕдӕй йӕхи хизӕд».


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау раст у, ӕмӕ Дзы нӕ ферох уыдзысты уӕ хъуыддӕгтӕ дӕр ӕмӕ, сыгъдӕджытӕн цы лӕггад бакодтат ӕмӕ кӕнут, уыцы лӕггадӕй Йӕм цы уарзондзинад равдыстат, уый дӕр.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы монӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы.


Уӕдӕ цы бӕрзӕндӕй ӕрхаудтӕ, уый ӕрымыс, ӕрфӕсмон кӕн ӕмӕ дӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ араз. Куы не ’рфӕсмон кӕнай, уӕд дӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ дын дӕ цырагъдарӕн айсдзынӕн йӕ бынатӕй.


Ӕниу дӕм хорзӕй уый ис, ӕмӕ, николаитты хъуыддӕгтӕ Мӕнӕн куыд ӕнӕуынон сты, афтӕ ӕнӕуынон сты дӕуӕн дӕр.


зонын дын [дӕ хъуыддӕгтӕ] дӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ дӕ мӕгуырдзинад; ӕниу, хъӕздыг дӕ. Зонын ӕй, сӕхи иудейӕгтӕ чи хоны, уӕвгӕ та иудейӕгтӕ нӕ, фӕлӕ сайтаны ӕмбырд чи у, уыдон дыл цъыф кӕй калынц, уый.


Сардисы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Хуыцауы авд уды ӕмӕ авд стъалыйы Кӕмӕ сты, Уый афтӕ зӕгъы: зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ; ды хӕссыс удӕгасы ном, фӕлӕ мард дӕ.


зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ. Ды нӕдӕр уазал дӕ, нӕдӕр тӕвд. О, фӕлтау уазал кӕнӕ тӕвд куы уаис!


зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ. Мӕнӕ дын Ӕз байгом кодтон дуар, ӕмӕ йӕ сӕхгӕнын никӕй бон бауыдзӕн. Дӕумӕ бирӕ тых нӕй, фӕлӕ уӕддӕр хъуыстай Мӕ ныхасмӕ ӕмӕ Мыл дӕхи нӕ атигъ кодтай.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan