19 зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ, дӕ уарзт, дӕ уырнындзинад, дӕ куыст ӕмӕ, фӕразон кӕй дӕ, стӕй, дӕ фӕстаг хъуыддӕгтӕ фыццӕгтӕй фылдӕр кӕй сты, уый.
Раст лӕг йӕ фӕндагыл фидар хӕцы, йӕ къухтӕ сыгъдӕг кӕмӕн сты, уымӕн йӕ тыхыл фылдӕрӕй-фылдӕр ӕфтдзӕн.
Рӕстудты фӕндаг — сӕуӕхсиды ’нгӕс, цалынмӕ бынтон не ’рбабон ис, уӕдмӕ ирдӕй-ирддӕр кӕны;
Кувӕндоны йӕ лӕггады рад куы ахицӕн ис, уӕд ӕрбаздӕхти йӕ хӕдзармӕ.
Мӕ къалиутӕй сӕнӕфсир кӕуыл не ’рзайы, уый алыг кӕны. Сӕнӕфсир дзы кӕуыл ӕрзайы, уый та бахсӕды, фылдӕр ыл куыд ӕрзайа, афтӕ.
Уыдӕттӕм бафтаут уарзондзинад — уый алцыдӕр бӕтты кӕрӕдзиуыл ӕмӕ алцӕмӕй дӕр скӕны ӕххӕст.
Ныр Тимофей ӕрцыд сымахӕй ӕмӕ нӕм ӕрхаста хорз хабар уӕ уырнындзинад ӕмӕ уӕ уарзты тыххӕй; загъта нын, ӕдзух уӕ зӕрдыл кӕй лӕууӕм ӕмӕ, мах сымах фендмӕ куыд бӕллӕм, сымах дӕр мах фендмӕ афтӕ кӕй бӕллут.
Сымах тыххӕй, ӕфсымӕртӕ, мах хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ рӕзы уӕ уырнындзинад ӕмӕ уе ’хсӕн фидардӕр кӕны уарзондзинад.
Уыцы фӕдзӕхстӕн йӕ нысан у, сыгъдӕг зӕрдӕ, сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ зӕрдиаг уырнынад кӕй бындур сты, ахӕм уарзондзинад.
Фыццаджыдӕр кӕрӕдзийы уарзут зӕрдиагӕй, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны.
Хуыцауыл ӕнувыдӕй уӕлдай узӕлут ӕфсымӕртыл, ӕфсымӕртыл узӕлынӕй уӕлдай уарзут алкӕй дӕр.
Рӕзут нӕ Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы хорзӕхӕй хайджынӕй, тырнут, ноджы хуыздӕр Ӕй куыд базонат, уымӕ. Кад Ын уӕд абон дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр! Аммен.
Ӕз зонын: ды цӕрыс, сайтанӕн йӕ паддзахы бадӕн кӕм ис, уым, фӕлӕ уӕддӕр ӕнувыд дӕ Мӕ номыл. Ды мыл дӕхи нӕ атигъ кодтай, суанг Мыл, сайтан кӕм цӕры, уӕ уыцы сахары Мӕ иузӕрдион ӕвдисӕн Антипӕйы куы амардтой, уӕд дӕр.
зонын дын [дӕ хъуыддӕгтӕ] дӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ дӕ мӕгуырдзинад; ӕниу, хъӕздыг дӕ. Зонын ӕй, сӕхи иудейӕгтӕ чи хоны, уӕвгӕ та иудейӕгтӕ нӕ, фӕлӕ сайтаны ӕмбырд чи у, уыдон дыл цъыф кӕй калынц, уый.