Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 2:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ, стӕй ма йын ратдзынӕн урс дур. Дурыл фыст уыдзӕни ног ном, ӕмӕ йӕ ничи зондзӕн, чи йӕ райса, уый йеддӕмӕ“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 2:17
24 Iomraidhean Croise  

Мауал мӕсты кӕн, дӕ масты цӕхӕртӕ мауал кал! Ма хӕлӕг кӕн — фыддӕр истӕмӕ дын ма расайа!


Моисей Ааронӕн загъта: «Райс дурын, ныккӕн дзы маннӕйы иу омер ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕр Дунедарӕджы раз, цӕмӕй уе ’ппӕт фӕлтӕртӕн дӕр уым ӕфснайдӕй лӕууа».


Лӕгӕн йӕ рыст йӕхи йеддӕмӕ ничи зоны, йӕ циныл дӕр ын йӕхицӕй фылдӕр ничи фӕцин кӕндзӕн.


уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы цӕсты мӕнгард адӕймаг ӕлгъаг у, цӕсгомджын чи у, уыдоныл ӕууӕнды.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг евнухты тыххӕй дӕр зӕгъы: «Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ Мын чи ӕххӕст кӕны, Мӕ уагӕвӕрдтӕ йӕ уды рӕбинаг кӕмӕн сты,


уымӕн Мӕ Хӕдзары ныссадздзынӕн цырт ӕмӕ йыл ныффысдзынӕн йӕ ном. Мӕ фырттӕ ӕмӕ Мын Мӕ чызджытӕй суыдзӕни ахсджиагдӕр. Ӕз ын ратдзынӕн, мыггагмӕ чи нӕ фесӕфдзӕн, ахӕм ном.


Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фендзысты, Дунедарӕг дын Йӕ раст тӕрхоны фӕрцы цы хӕрзты бацыд, уый. Ӕппӕт паддзӕхтӕ дӕр дын фендзысты дӕ кад. Дунедарӕг дын ратдзӕни ног ном ӕмӕ дӕм уыцы номӕй дзурдзысты иууылдӕр.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг зӕгъы: «Мӕ цагъартӕн уыдзӕни хӕринаг, сымах та сыдӕй мӕлдзыстут. Мӕ цагъартӕн уыдзӕни нуазинаг, сымах та мӕлдзыстут дойныйӕ.


Ме ’взӕрстытӕ уӕ номӕй пайда кӕндзысты ӕлгъыстӕн, Дунедарӕг Хуыцау уӕ мӕлӕты хай бакӕндзӕн, Йӕ цагъартӕн та ратдзӕни ног ном.


Йесо сын дзуапп радта: «Уый тыххӕй, ӕмӕ сымахӕн Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын лӕвӕрд у, уыдонӕн та нӕу лӕвӕрд.


[Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!]»


Фӕлӕ сын Уый загъта: «Мӕнмӕ ис, сымах кӕй нӕ зонут, ахӕм хойраг».


Хуыцауы Удӕй хайджын цы адӕймаг нӕу, уымӕ та, Хуыцауы Удӕй цы цӕуы, уый нӕ хъары — ӕнӕзонд мийыл ӕй нымайы ӕмӕ йӕ бамбарын нӕ фӕразы, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕн Уды руаджы аргъ кӕнын хъӕуы.


уымӕн ӕмӕ сымах ацы дунейӕн амардыстут, ӕмӕ ныр уӕ цард ис Хуыцауы къухы, Чырыстиимӕ.


Уыдон паддзахы бадӕны раз, цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры раз зарынц ног зарӕг. Зӕххон адӕмы ’хсӕнӕй цы 144 000 адӕймаджы балхӕдӕуыд, уыдоны йеддӕмӕ уыцы зарӕг сахуыр кӕнын никӕй бон уыди.


Йӕ пӕлӕзыл, Йӕ фарсыл фыст ис Йӕ ном: «Паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау».


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн тас нӕу дыккаг мӕлӕтӕй“.


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн, Хуыцауы дзӕнӕты цы царды бӕлас ис, уый дыргъӕй бахӕрыны бар“.


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ“».


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan