Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 2:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Ӕз зонын: ды цӕрыс, сайтанӕн йӕ паддзахы бадӕн кӕм ис, уым, фӕлӕ уӕддӕр ӕнувыд дӕ Мӕ номыл. Ды мыл дӕхи нӕ атигъ кодтай, суанг Мыл, сайтан кӕм цӕры, уӕ уыцы сахары Мӕ иузӕрдион ӕвдисӕн Антипӕйы куы амардтой, уӕд дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 2:13
27 Iomraidhean Croise  

Иу сахары уӕ куы ӕфхӕрой, уӕд-иу лидзут иннӕмӕ. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Израилы сахартыл зылд нӕма фӕуыдзыстут, афтӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн.


Уӕд уӕ ӕгъатырӕй ӕфхӕрдзысты, мардзысты уӕ, ӕмӕ Мӕ номы тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕн суыдзыстут ӕнӕуынон.


Йесо йын дзуапп радта: «Фесӕф, сайтан! Фыст ис: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕн“».


Мӕн тыххӕй алкӕмӕн дӕр ӕнӕуынон суыдзыстут,


Де ’вдисӕн Стефаны куы мардтой, уӕд уый дӕр ӕз нымадтон растыл; лӕууыдтӕн уым ӕмӕ хъахъхъӕдтон йӕ марджыты пӕлӕзтӕ“.


Ныр ам ис, ӕмӕ йын алчертӕй рардӕуыд бар, цӕмӕй, Дӕ ном чидӕриддӕр ары, уыдоны ӕрцахса».


Раиртасут алцыдӕр ӕмӕ хӕцут, хуыздӕр цы у, ууыл.


Хионтыл, уӕлдайдӕр та йӕ бинонтыл чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта уырнындзинад ӕмӕ ӕнӕуырнӕгӕй фыддӕр у.


Мӕнӕй цы раст ныхӕстӕ фехъуыстай, уыдон дын уӕнт зонды хос; дӕ цард араз, Йесо Чырыстиимӕ баиуы руаджы цы уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй схайджын стӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ.


Кӕд тухӕнтӕн фӕразӕм, уӕд паддзахиуӕг дӕр Йемӕ кӕндзыстӕм. Нӕхи Йыл куы атигъ кӕнӕм, уӕд ныл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн.


Фидар хӕцӕм, ныфс нын цы уырнындзинад дӕтты, ууыл, уымӕн ӕмӕ Зӕрдӕбавӕрӕг Йӕ ныхас нӕ ивы.


Чырысти та Фыртау ӕнувыд у. Ӕвӕрд ӕрцыди Хуыцауы хӕдзары сӕргъы, уыцы хӕдзар та мах стӕм, ныфсджын куы уӕм ӕмӕ, цы ныфсӕй ӕппӕлӕм, ууыл кӕронмӕ фидарӕй нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд.


Сымахӕн цы кадджын ном рардӕуыд, ууыл цъыф уыдон нӕ калынц, ӕви?


ӕмӕ иузӕрдион Ӕвдисӕн Йесо Чырыстийӕ — мӕрдтӕй фыццаг Чи райгас ис ӕмӕ зӕххон паддзӕхты Паддзах Чи у, Уымӕй. Мах Чи уарзы ӕмӕ нӕ Йӕ Туджы руаджы нӕ тӕригъӕдтӕй Чи фервӕзын кодта,


Арвитдзынӕн Мӕ дыууӕ ӕвдисӕны, ӕмӕ уыдон сӕ уӕлӕ сӕхъис скӕндзысты, афтӕмӕй пехуымпариуӕг кӕндзысты мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны».


Уыдон ыл фӕуӕлахиз сты Уӕрыччы тугӕй, се ’вдисӕнады ныхасӕй, кастысты мӕлӕты дзыхмӕ, фӕлӕ сӕ цард ӕвгъау нӕ кодтой.


Кӕй федтон, уыцы сырд уыди фыранчы хуызӕн, йӕ дзӕмбытӕ — арсы дзӕмбытау, йӕ дзых — домбайы дзыхау. Залиаг калм ын радта йӕ тых, йӕ паддзахы бынат ӕмӕ стыр бартӕ.


Уӕдӕ, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры ӕмӕ Йесойыл иузӕрдион чи у, уыцы сыгъдӕджытӕ хъуамӕ уой фӕразон.


Уыдон тох кӕндзысты Уӕрыккимӕ, ӕмӕ сӕ Уӕрыкк басӕтдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уый у хицӕутты Хицау ӕмӕ паддзӕхты Паддзах, ӕмӕ хуындтытӕ, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ Йӕ иузӕрдионтӕ уыдзысты Йемӕ».


Ӕз федтон: сылгоймаг расыг уыди сыгъдӕджыты — Йесойы ӕвдисӕнты — тугӕй. Куы йӕ федтон, уӕд стыр дисы бафтыдтӕн.


зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ, дӕ фӕллой, фӕразон кӕй дӕ, ӕнӕуаг адӕмӕн кӕй нӕ быхсыс, йӕхи апостол чи хоны, уӕвгӕ та апостол чи нӕу, уыдоны кӕй бафӕлвӕрдтай ӕмӕ, мӕнгард кӕй сты, уый кӕй базыдтай, уыдӕттӕ.


Ӕз рӕхджы ӕрцӕудзынӕн. Цы дӕм ис, ууыл фидар хӕц, цӕмӕй дын дӕ хӕрзиуӕг мачи байса.


Уӕдӕ дӕ цӕуыл сахуыр кодтой ӕмӕ цы фехъуыстай, уый ӕрымыс, цӕр уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн. Куынӕ райхъал уай, уӕд дӕм Ӕз ӕрцӕудзынӕн хуыснӕгау, ӕмӕ Мын ды Ме ’рцыды сахат нӕ базондзынӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan