Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 19:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Дыккаг хатт загъдӕуыд: «Алелуйа! Йӕ фӕздӕг кӕлдзӕн мыггагӕй мыггагмӕ!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 19:3
9 Iomraidhean Croise  

Афӕлгӕсыди Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл, стӕй ӕгас дӕлвӕзыл ӕмӕ федта: зӕхх цыма гарнайы пец фестади, уыйау дзы цыди фӕздӕг.


кӕрдӕджы мур дӕр нал ныууагътой зӕххыл, сӕ быдырты дӕр нал баззади халсар.


судздзӕн ӕппынӕдзух, бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр. Йӕ фӕздӕг калдзӕн ӕнусты, мыггагӕй-мыггагмӕ уыдзӕни ӕдзӕрӕг, лӕджы къах ыл никуыуал ауайдзӕн.


Уыдонау Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылай сахартӕ дӕр кӕй хаттысты ӕмӕ фехӕлдысты, ӕмӕ уый тыххӕй мыггагмӕйы арты кӕй судзынц, уый алкӕмӕн дӕр у зонды хос.


Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йын йӕ номы нысан чи сӕвӕрдта, уыдонӕн сӕ хъизӕмарӕй марӕг арты фӕздӕг цӕудзӕни мыггагӕй-мыггагмӕ, ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнцой нӕ зондзысты».


уынынц ын йӕ арты фӕздӕг ӕмӕ хъӕр кӕнынц: «Ацы стыр сахарӕн ӕмбал нӕй!»


Йемӕ хъахбай митӕ ӕмӕ хъалцард чи кодта, уыцы зӕххон паддзӕхтӕ йын йӕ арты фӕздӕг куы феной, уӕд ыл ныккӕудзысты ӕмӕ ныдздзыназдзысты.


Уый фӕстӕ ӕз уӕларвы фехъуыстон хъӕлӕс. Уый уыди бирӕ адӕмы уынӕрау: «Алелуйа! Ирвӕзындзинад, кад ӕмӕ намыс сты нӕ Хуыцаумӕ!


Уӕд цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ӕмӕ цыппар уӕларвон удгоймаджы ныддӕлгом сты Йӕ бадӕны бадӕг Хуыцауы раз, афтӕ дзургӕйӕ: «Аммен! Алелуйа!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan