Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 19:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Уымӕн ӕмӕ Йӕ тӕрхӕттӕ сты раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам! Уый бафхӕрдта, йӕ хъахбайдзинадӕй зӕхх чи фехӕлдта, уыцы стыр хъахбайы ӕмӕ дзы райста Йӕ лӕггадгӕнджыты туг!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 19:2
16 Iomraidhean Croise  

Ды ныццӕгъддзынӕ дӕ паддзах Ахавы байзӕддӕгты ӕмӕ Мын афтӕмӕй райсдзынӕ Мӕ маст. Райсдзынӕ, Иезавел кӕй амарын кодта, Мӕ уыцы цагъарты туг: Мӕ пехуымпарты ӕмӕ Ме ’ппӕт лӕггадгӕнджыты туг.


Уыдон фӕцудыдтой ӕмӕ ӕрхаудысты, мах та сыстадыстӕм ӕмӕ фидар лӕууӕм.


Дунедарӕг, Ды — мӕ Хуыцау! Стауын Дӕ — кад Дын кӕнын Дӕ номӕн! Ды сарӕзтай ӕмбисонды хъуыддӕгтӕ — цы фӕнд дӕм ӕрцыди рагзаманы, уый ныр сӕххӕст кодтай, иузӕрдион Хуыцау!


Фӕлӕ ралӕудзӕни тӕрхоны рӕстӕг, йӕ хъомысӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕн, ӕмӕ йӕ паддзахдзинадӕн мыггагмӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн.


Мӕ бар уадзут маст исын, аккаг сын фӕуыдзынӕн Ӕз, иу афон фӕцуддзысты. Сӕ кӕрон ӕрхӕццӕ ис, рӕхджы сӕ баййафдзӕни сӕ адзал“.


Уый у Къӕдзӕх. Ӕнӕлаз у Йӕ алы хъуыддаг дӕр, Йӕ алы фӕндаг дӕр — рӕстаг. Иузӕрдион у Уый, ницы Йӕм ис сайдӕй, рӕстаг у ӕмӕ раст тӕрхон кӕны.


Муртаттӕгтӕ, цин кӕнут Йӕ адӕмимӕ, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕ цагъарты туг райсдзӕни, Йе знӕгтӕн аккаг фӕуыдзӕни ӕмӕ Йӕ адӕмы бӕстӕ ссыгъдӕг кӕндзӕни».


ӕмӕ зарынц Хуыцауы цагъар Моисейы зарӕг ӕмӕ Уӕрыччы зарӕг: «Стыр ӕмӕ диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг Хуыцау! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты Дӕ фӕндӕгтӕ, адӕмты Паддзах!


Цин кӕнут уый тыххӕй, уӕлӕрвтӕ! Цин кӕнут, сыгъдӕджытӕ, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ, уымӕн ӕмӕ уын уый цы тӕрхон рахаста, ахӕм тӕрхон ын рахаста Хуыцау.


Зӕххон паддзӕхтӕ хъахбай митӕ кодтой йемӕ, зӕххон сӕудӕджертӕ схъӕздыг сты йӕ бирӕ исбонӕй».


Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Уаз ӕмӕ Ӕцӕг Дунедарӕг, кӕдмӕ у Дӕ каст, зӕххон цӕрджытӕн тӕрхон цӕуылнӕ рахӕссыс ӕмӕ сӕ нӕ туг цӕуылнӕ райсыс?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan