Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 19:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Бахӕрут паддзӕхты мӕрдтӕ, ӕфсӕддон разамонджыты мӕрдтӕ, тыхджынты мӕрдтӕ, бӕхты ӕмӕ барджыты мӕрдтӕ, ӕппӕт сӕрибар ӕмӕ цагъар, хуымӕтӕг ӕмӕ номдзыд адӕмы мӕрдтӕ!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 19:18
18 Iomraidhean Croise  

«Хъизӕмӕрттимӕ амӕлдзысты, цӕссыг дӕр сыл ничи ӕркалдзӕн ӕмӕ сӕ ныгӕнгӕ дӕр нӕ бакӕндзысты, фаджысау баззайдзысты уӕлӕуыл. Кард ӕмӕ стонгӕй бабын уыдзысты, сӕ мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холы суыдзысты».


Ӕз ацы ран Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн сӕ фӕндтӕ ӕнӕпайда фӕкӕндзынӕн, се знӕгты раз сӕ кардӕй ныццӕгъддзынӕн, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдоны къухтӕй. Сӕ мӕрдтӕ сын уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холыйӕн ратдзынӕн.


сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыцы знӕгты къухмӕ ратдзынӕн, сӕ мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холы суыдзысты.


Ацы адӕмы мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холлаг суыдзысты, ӕмӕ сӕ иуварс асурӕг нӕ уыдзӕн.


Нилы ӕппӕт кӕсӕгтимӕ дӕ фехсдзынӕн ӕдзӕрӕг ран, тыгъд быдыры, ӕмӕ дыл уым ничи бамӕт кӕндзӕн, ничи дӕ баныгӕндзӕн. Хъӕддаг сырдтӕн ӕмӕ мӕргътӕн дӕ бахӕрын кӕндзынӕн.


Дӕуӕн та, адӕймаджы фырт, Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: алы мыггаг мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн фехъусын кӕн: „Алырдыгӕй ӕрӕмбырд ут ӕмӕ ӕрбацӕут Мӕ нывондмӕ, Ӕз уын цы кусарт кӕнын, уымӕ, ӕрӕмбырд ут стыр куывдмӕ Израилы хӕхтӕм! Хӕрут дзидза ӕмӕ нуазут туг!


Холы кӕм уа, уым ӕрӕмбырд уыдзысты хӕдмӕлхор мӕргътӕ дӕр.


Уӕд Ӕй бафарстой: «Уый кӕм уыдзӕни, Бардарӕг?» Йесо сын загъта: «Холы кӕм уа, уым ӕрӕмбырд уыдзысты холыхор сынтытӕ дӕр».


Уӕ мӕрдтыл уын тӕхаг мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕ ӕмбырдтӕ кӕндзысты, ӕмӕ сӕ асурӕг нӕ уыдзӕн.


Муртаттӕгты маст рафыхт, ӕмӕ ралӕууыд Дӕ азар, мӕрдтӕн тӕрхон хӕссыны, Дӕ цагъар пехуымпартӕн, сыгъдӕджытӕн, Дӕуӕй тӕрсджытӕн — хуымӕтӕгтӕн ӕмӕ номдзыдтӕн — фиддон раттыны, бӕстӕ сафджыты фесафыны рӕстӕг».


Дыккаг сырд домдзӕн, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр — хуымӕтӕг адӕм ӕмӕ номдзыдтӕн, хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕн, сӕрибартӕ ӕмӕ цагъартӕн — йӕ рахиз къухыл кӕнӕ тӕрныхыл ӕвӕрд ӕрцӕуа нысан.


Ды цы сырд ӕмӕ цы дӕс сыкъайы федтай, уыдон уыцы хъахбайӕ се сӕфт фендзысты ӕмӕ йӕ бацарӕфтыд кӕндзысты; ныууадздзысты йӕ бӕгънӕгӕй, бахӕрдзысты йын йӕ фыд ӕмӕ йӕ басудздзысты арты.


Уӕд паддзахы бадӕнӕй райхъуысти: «Ӕппӕлут нӕ Хуыцауӕй, Йе ’ппӕт цагъартӕ, Йӕ тас кӕй мидӕг ис, уыдон — номдзыдтӕ ӕмӕ хуымӕтӕгтӕ».


Зӕххон паддзӕхтӕ ӕмӕ стыр хицӕуттӕ, ӕфсӕддон разамонджытӕ ӕмӕ хъӕздгуытӕ, тыхджынтӕ, алы цагъар ӕмӕ алы сӕрибар дӕр бамбӕхстысты лӕгӕтты ӕмӕ хӕхты — къӕдзӕхты ӕхсӕн.


стӕй йын афтӕ: «Рауай-ма, ӕз дын дӕ мард тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн раттон».


Абон дӕ Дунедарӕг мӕ къухмӕ дӕтты. Амардзынӕн дӕ, дӕ сӕр дын ракӕндзынӕн ӕмӕ дӕ мард дӕр ӕмӕ филистимаг ӕфсады мӕрдтӕ дӕр тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн ратдзынӕн. Уадз ӕмӕ ӕппӕт дуне дӕр базона, Израилӕн Хуыцау кӕй ис, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan