13 Ис Ыл тугӕйдзаг пӕлӕз; Йӕ ном: Хуыцауы Дзырд.
Ды — мӕ хъару, ӕз мӕ зӕрдӕ дарын Дӕуыл; Ды — мӕ ныфсы мӕсыг.
Хӕстонтыл тохы быдыры цы къахыдарӕс уыди, уыдон ӕмӕ сӕ тугамӕст пӕлӕзтӕ арты амӕттаг бауыдзысты.
Райдианы уыди Дзырд, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцаумӕ, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцау.
Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ царди не ’хсӕн, хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгадӕй ӕххӕстӕй. Ӕмӕ Йын мах федтам Йӕ кад — Фыдӕй иунӕг Фыртӕн цы кад ис, уый.
Райдианӕй цы уыди, мах цы фехъуыстам, нӕхи цӕстӕй цы федтам, цӕмӕ кастыстӕм ӕмӕ нӕ уырзтӕй цы басгӕрстам, Царды уыцы Дзырды тыххӕй хъусын кӕнӕм сымахӕн.
Ис ӕртӕ ӕвдисӕны [уӕларвы: Фыд, Дзырд ӕмӕ Сыгъдӕг Уд; ӕмӕ се ’ртӕ дӕр иу сты.
Ӕмӕ сӕнӕфсиры гагатӕ лӕмӕрст ӕрцыдысты, фӕссахар цы сӕндуцӕн уыд, уым; сӕндуцӕнӕй туг ракалд ӕмӕ хӕрдмӕ бӕхы рохты онг фӕцыди, йӕ дӕргъ та анхъӕвзта мин ӕхсӕзсӕдӕ стадийы онг.