11 Ӕз федтон арвы дуар гомӕй ӕмӕ Барӕджы урс бӕхыл. Барӕджы хонынц Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Йӕ тӕрхон ӕмӕ Йӕ тох.
Дӕ ныхмӕ, ӕрмӕст Дӕ ныхмӕ ракодтон тӕригъӕд, фыдракӕнд сарӕзтон Дӕ разы: раст у Дӕ уынаффӕ, ӕнӕхӕрам у Дӕ тӕрхон.
Стаут Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, кад Ын кӕнут Йӕ сыгъдӕг хохыл, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг у Дунедарӕг, нӕ Хуыцау!
Стаугӕйӕ, бахизут Йӕ кулдуарӕй, арфӕгӕнгӕ бацӕут йӕ кӕртмӕ, скад Ын кӕнут, арфӕ ракӕнут Йӕ номӕн.
Дунедарӕг у хӕстон, Дунедарӕг — Йӕ ном!
Рӕхджы уын уыдзӕни рӕстаг Паддзах, ӕмӕ уӕд паддзӕхтӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ хицауиуӕг кӕндзысты.
Уӕ кӕрӕдзийы афӕрсут, баныхас кӕнут ӕмӕ Мын зӕгъут, абон цытӕ цӕуы, уый тыххӕй незаманты рагацау чи загъта, Уый Ӕз — Дунедарӕг — нӕ уыдтӕн, ӕви? Мӕн йеддӕмӕ ничи у Хуыцау — рӕстӕвзар ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау.
Уыцы заман Мӕ фӕндонӕй сырӕздзӕни рӕстаг Ӕвзар, Давиды байзӕддаг, ӕмӕ зӕххыл раст тӕрхон кӕндзӕн.
Кевары доны был хаст адӕмимӕ куы цардтӕн — ӕртынӕм азы, цыппӕрӕм мӕйы фӕндзӕм бон — уӕд арвы дуар байгом ис, ӕмӕ мын Хуыцау равдыста цӕстылуайӕн.
Ӕхсӕвы ӕз федтон ахӕм ныв: тӕрфы, мирт бӕлӕсты ’хсӕн, иу барӕг сырх бӕхыл лӕууыд, йӕ фӕстӕ та — сырх, морӕ ӕмӕ урс бӕхтӕ.
Ноджы ма йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ уындзыстут, арвы дуар куыд байгом вӕййы ӕмӕ Хуыцауы зӕдтӕ Адӕймаджы Фыртмӕ куыд ӕрцӕуынц ӕмӕ фӕстӕмӕ уӕларвмӕ куыд ссӕуынц, уый».
Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.
ӕмӕ иузӕрдион Ӕвдисӕн Йесо Чырыстийӕ — мӕрдтӕй фыццаг Чи райгас ис ӕмӕ зӕххон паддзӕхты Паддзах Чи у, Уымӕй. Мах Чи уарзы ӕмӕ нӕ Йӕ Туджы руаджы нӕ тӕригъӕдтӕй Чи фервӕзын кодта,
Ӕмӕ уӕларвы байгом ис Хуыцауы Кувӕндон, ӕмӕ дзы разынди Йӕ Фидыды Чырын. Арв нырттывта, ӕмӕ райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, зӕхх нынкъуыст, ӕмӕ стыр их ныууарыд.
Ӕз федтон сырды ӕмӕ зӕххон паддзӕхты се ’фсӕдтимӕ. Уыдон ӕрӕмбырд сты Барӕджы ӕмӕ Йе ’фсады ныхмӕ хӕцынмӕ.
Иннӕтӕ та цагъды фесты, Барӕджы дзыхӕй цы цирхъ зынди, уымӕй, ӕмӕ мӕргътӕ иууылдӕр бафсӕстысты сӕ мӕрдтӕй.
Лаодикийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Аммен, иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ӕппӕт уыдоны Райдиан:
Филадельфийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Сыгъдӕг ӕмӕ Ӕцӕг Чи у, Давиды дӕгъӕл Кӕмӕ ис, сӕхгӕнӕн ӕй куыд нӕ уа, афтӕ дуар Чи байгом кӕны ӕмӕ, байгом кӕнӕн ын куыд нӕ уа, афтӕ йӕ Чи сӕхгӕны, Уый:
Уый фӕстӕ ӕз федтон арвы дуар гомӕй. Ӕмӕ раздӕр кӕй фехъуыстон, сыкъауадындзы зӕлынау мемӕ цы хъӕлӕс ныхас кодта, уый мын загъта: «Ссу ардӕм, ӕмӕ дын Ӕз фенын кӕнон, фидӕны цы уыдзӕн, уый».
Ӕз федтон урс бӕх; йӕ барӕгмӕ уыдис ӕрдын. Кады худ ын лӕвӕрд ӕрцыд ӕмӕ уӕлахиздзауӕй рацыд, куыд фӕуӕлахиз уа, афтӕ.