Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 19:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уый фӕстӕ ӕз уӕларвы фехъуыстон хъӕлӕс. Уый уыди бирӕ адӕмы уынӕрау: «Алелуйа! Ирвӕзындзинад, кад ӕмӕ намыс сты нӕ Хуыцаумӕ!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 19:1
23 Iomraidhean Croise  

Дӕу сты, Дунедарӕг, стырад ӕмӕ хъомыс, кад, уӕлахиз ӕмӕ цыт. Арв ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уыдон Дӕу сты. О Дунедарӕг, паддзахад Дӕу у, Ды дӕ йӕ Хицау ӕмӕ Дӕуӕй уӕлдӕр ницы ис.


кӕрдӕджы мур дӕр нал ныууагътой зӕххыл, сӕ быдырты дӕр нал баззади халсар.


Кад кӕнут Дунедарӕгӕн, стаут Ӕй, уымӕн ӕмӕ ныл ауды, мыггагмӕ нӕ буц кӕны Йӕ хорзӕхтӕй!


Алелуйа! Тӕхудиаг у, Дунедарӕгӕн аргъуыц чи кӕны, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕхцон кӕмӕн сты.


Алелуйа! Стаут Дунедарӕджы — куыд ӕхцон у нӕ Хуыцауы кадӕн зарын! Куыд адджын у, куыд ӕхсызгон у Уый стауын!


Алелуйа! Стаут Дунедарӕджы уӕлӕрвтӕй, стаут Дунедарӕджы бӕрзӕндты.


Алелуйа! Дунедарӕгӕн ног зарӕг зарут, кады зарӕг сыгъдӕджыты ӕмбырды.


Алелуйа! Стаут Дунедарӕджы Йӕ Кувӕндоны, стаут Ӕй уӕлӕрвты.


Рахӕц мӕ сӕрыл, Дунедарӕг! Фервӕзын мӕ кӕн, мӕ Хуыцау! Мӕ фыдгултӕн се ’фсӕртӕ ныссӕтт, базгъал фыдгӕнджытӕн сӕ дӕндӕгтӕ!


кардылӕфтыд фӕуӕнт, хъӕддаг куыйтӕ сӕ бахӕрӕнт!


Арв, зӕхх ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ныццин кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ Вавилонмӕ цӕгатӕй фӕзындзысты дӕрӕнгӕнджытӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Ницӕйаг мӕнг хуыцӕуттӕн кад чи кӕны, уыдон ӕнӕхай фесты хорзӕхӕй, сӕ бон райсын кӕй уыди, уымӕй.


Ма нӕ бафтау фыдӕвзарӕны, фӕлӕ нӕ бахиз сайтанӕй. Уымӕн ӕмӕ Паддзахад, тых ӕмӕ кад Дӕу сты мыггагмӕ. Аммен.


Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».


Уӕд ӕз фехъуыстон, уӕлӕрвты хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Ныр нӕ Хуыцау ирвӕзындзинад ӕрхаста, ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тыхы ӕмӕ паддзахиуӕгады, Йӕ Чырыстийы хицаудзинады рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ раппӕрстӕуыд не ’фсымӕртыл цъыфкалӕджы, ӕхсӕвӕй-бонӕй сыл нӕ Хуыцауы раз цъыф чи калдта, уый.


Ӕз фехъуыстон, бирӕ адӕм цыма хъӕрӕй дзырдтой, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс: «Алелуйа! Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, сси Паддзах!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan