Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 18:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуыст ӕндӕр хъӕлӕс: «Рацӕут уырдыгӕй, Мӕ адӕм, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтыл ма бафтат ӕмӕ йемӕ ӕфхӕрд ма баййафат.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 18:4
16 Iomraidhean Croise  

Лот ацыд ӕмӕ хабар фехъусын кодта йӕ чызджыты курджытӕн: «Ӕвӕстиатӕй ардыгӕй уӕхи айсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг рӕхджы фесафдзӕн ацы сахар». Фӕлӕ уыдонмӕ Лоты ныхас худӕгау фӕкасти.


Уымӕн ӕмӕ Ды нывонд нӕ агурыс мӕнӕй, иууылсудзинӕгтӕ Дын ӕхцон не сты.


Рацӕут Вавилонӕй, лидзгӕ кӕнут халдейӕгтӕй, цинимӕ хъусын кӕнут ацы фарны уац, хӕццӕ йӕ кӕнут зӕххы цъары алы кӕрӕттӕм, дзурут: «Дунедарӕг фервӕзын кодта Йӕ цагъары, Йаковы байзӕддаджы!»


Цӕугӕут, цӕугӕут! Рацӕут уырдыгӕй! Уӕхи хизут, сыгъдӕг цы нӕу, ахӕм истӕуыл бандзӕвынӕй! Ӕцӕгӕлон адӕмы ’хсӕнӕй рацӕут ӕмӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ мигӕнӕнтӕ сымах хӕсдзыстут!


Лидзгӕут Вавилонӕй! Халдейӕгты зӕххӕй ацӕут ӕмӕ бодзтау уӕ рӕгъӕуттӕн фӕндаг амонут!


О мӕ адӕм, рацӕут Вавилонӕй! Дунедарӕджы стыр мастӕй уӕ удтӕ фервӕзын кӕнут!


О, карды цӕфӕй чи аирвӕзт, уыдон! Цӕугӕут, мауал кӕнут фӕстиат! Ма-иу ферох кӕнут Дунедарӕджы дард бӕстӕйы, Йерусалим уӕ зӕрдӕты ӕрцӕрӕд.


Лидзгӕут Вавилонӕй! Фервӕзын кӕнут уӕ удтӕ, цӕмӕй сымах дӕр йӕ фыдракӕндты тыххӕй ма фесӕфат. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы мастисӕн рӕстӕг ралӕууыд, ӕмӕ Вавилонӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзӕн.


«Вавилонӕн нӕ хостӕ ницы баххуыс сты». «Ныууадзӕм ӕй, ӕмӕ алчидӕр йӕхи зӕхмӕ аздӕхӕд. Уымӕн ӕмӕ йӕ азар сӕххӕссыд уӕларвмӕ, ӕврӕгъты онг схӕццӕ ис».


ӕмӕ фӕзӕгъут: „Нӕ фыдӕлты заманы куы цардаиккам, уӕд мах пехуымпарты тугныккалды аххосджын нӕ уыдаиккам“.


Уымӕ гӕсгӕ рацӕут се ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ фӕхицӕн ут, — зӕгъы Бардарӕг, — сыгъдӕг цы нӕу, уымӕй уӕхи хизут, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕркӕндзынӕн Мӕхимӕ.


Искӕуыл къух ӕрӕвӕрынмӕ ма батагъд кӕн, цӕмӕй ма схайджын уай кӕйдӕр тӕригъӕдӕй; дӕхи бахиз фӕчъизийӕ.


Уымӕн ӕмӕ йын «ӕгасцуай» чи зӕгъа, уый йын йӕ хӕрам хъуыддӕгты свӕййы цӕдисӕмбал.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan