Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 18:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Иу тыхджын зӕд систа куыройы фыды йас стыр дур, нывзылдта йӕ денджызмӕ ӕмӕ загъта: «Афтӕ дӕлӕмӕ ныххаудзӕн Вавилоны стыр сахар ӕмӕ нал уыдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 18:21
14 Iomraidhean Croise  

Нӕ фыдӕлты раз денджыз фӕцӕуын кодтай дыууӕрдӕм, ӕмӕ денджызы астӕу ацыдысты, сурзӕххау, чи сӕ сырдта, уыдоны та, дур хуыдыммӕ ныппарӕгау, денджызы арфмӕ нывзылдтай.


Ӕрбайсӕфдзӕни фынау, ӕрбацыдӕр уыдзӕн ӕхсӕвы цӕстылуайӕнау.


хуыдымы хай баисты, доны аныгъуылдысты дуртау.


Дӕуӕй скӕндзынӕн фыд азары цӕвиттон. Агурдзысты ма дӕ, фӕлӕ дӕ мыггагмӕ дӕр нал ссардзысты», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Ӕмӕ уӕд йӕхи бӕстӕйы фидӕрттӕ басӕттынмӕ раздӕхдзӕн, фӕлӕ йӕ адзал ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ зӕххыл йӕ кой дӕр нал баззайдзӕн.


Ӕз федтон ӕндӕр хъомысджын зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ дарӕс уыдис ӕврагъ, йӕ сӕрмӕ — арвӕрдын, йӕ цӕсгом — хуры хуызӕн, йӕ къӕхтӕ — судзгӕ цӕджындзтау.


фӕлӕ сыл нӕ фӕуӕлахиз сты, ӕмӕ сын уӕларвы бынат нал уыд.


Сакъадӕхтӕ цыдӕр ӕрбаисты, хӕхтӕ дӕр фӕтары сты.


Йӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ, стыр тасы бацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Додойаг фӕдӕ, додойаг, стыр сахар, Вавилоны тыхджын сахар! Уымӕн ӕмӕ иунӕг сахатмӕ ӕрцыди дӕ азар!»


Нал фехъусдзынӕ фӕндырдзӕгъдджыты ӕмӕ зарӕггӕнджыты, уадындзтӕ ӕмӕ сыкъауадындзтыл цӕгъдджыты; нал дӕм уыдзӕн иу ӕрмдӕсны дӕр, нал дӕ хъуысдзӕн куыройы фыдты уынӕр;


Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.


Ӕз федтон хъомысджын зӕды. Уый хъӕрӕй бафарста: «Чи у ацы чиныджы мыхуыртӕ асӕттыны ӕмӕ йӕ байгом кӕныны аккаг?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan