18 уынынц ын йӕ арты фӕздӕг ӕмӕ хъӕр кӕнынц: «Ацы стыр сахарӕн ӕмбал нӕй!»
Вавилон хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн, хъӕддаг куыйтӕн — цӕрӕнбынат. Йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтаудзӕн ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.
Бакуывтой сырдӕн дӕр ӕмӕ дзырдтой: «Ацы сырдӕн ӕмбал нӕй, кӕй бон бауыдзӕн йемӕ тохы бацӕуын!»
Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йын йӕ номы нысан чи сӕвӕрдта, уыдонӕн сӕ хъизӕмарӕй марӕг арты фӕздӕг цӕудзӕни мыггагӕй-мыггагмӕ, ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнцой нӕ зондзысты».
Стыр сахар ӕртӕ дихы фӕци, ӕмӕ муртаттӕгты сахартӕ бабын сты. Хуыцауӕй нӕ ферох стыр Вавилон, ӕмӕ йын бадардта Йе стыр фыдӕхы сӕны кӕхцӕй.
«Додойаг фӕдӕ, додойаг, гӕн хъуымацӕй, сырх ӕмӕ сӕнт сырх уӕфтӕгтӕй дарӕс кӕуыл ис, сыгъзӕринӕй, зынаргъ дуртӕй ӕмӕ дзындзытӕй фӕлыст чи у, уыцы стыр сахар!