Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 18:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Уымӕн ӕмӕ ахӕм мулк фесӕфтис иунӕг сахатмӕ!» Науты хистӕртӕ ӕмӕ бӕлццӕттӕ иууылдӕр, наудзогтӕ, денджызыл цӕуӕг ӕппӕт сӕудӕджертӕ лӕууынц дӕрддзӕф,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 18:17
11 Iomraidhean Croise  

Дзыназут, Таршишы наутӕ! Уӕ ныфсы мӕсыг ныппырх ис.


Уыцы бӕллӕхтӕ ӕмбойны дӕ хай уыдзысты: дӕ цот ӕмӕ дӕ мойы быныл баззайдзынӕ. Дӕ бирӕ хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ дӕр дын ницыуал баххуыс уыдзысты.


Фӕлӕ Вавилон ӕвиппайды ӕрхауд ӕмӕ ныззыгуым ис. Дзыназут ыл! Йӕ хъӕдгӕмттӕн ын ӕвдадзы хос ӕрбахӕссут, чи зоны, ӕмӕ сдзӕбӕх уа».


О мӕ адӕм! Содом дӕр ахӕм карз ӕфхӕрд нӕ баййӕфта, — уый бабын иу уысммӕ, лӕджы къух ыл нӕ бандзӕвыд.


Науы хистӕр ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Цы фынӕй кӕныс?! Сыст, дӕ Хуыцаумӕ фӕсид ӕххуысмӕ, кӕд нӕм Йе ’ргом раздахид ӕмӕ нӕ фесӕфиккам».


Фӕлӕ сӕдӕйыхицау, Павел цы дзырдта, уымӕй наутӕрӕгыл ӕмӕ науы хицауыл фылдӕр ӕууӕндыд.


Ды цы дӕс сыкъайы федтай, уыдон сты дӕс паддзахы. Сӕ паддзахӕдтӕ нӕма райстой, фӕлӕ сахаты ӕмгъуыдмӕ сырдимӕ райсдзысты паддзахы бартӕ.


Ды цы сырд ӕмӕ цы дӕс сыкъайы федтай, уыдон уыцы хъахбайӕ се сӕфт фендзысты ӕмӕ йӕ бацарӕфтыд кӕндзысты; ныууадздзысты йӕ бӕгънӕгӕй, бахӕрдзысты йын йӕ фыд ӕмӕ йӕ басудздзысты арты.


Сӕ сӕртыл зӕрынц рыг, хъӕр кӕнынц, кӕуынц ӕмӕ дзыназынц: «Додойаг фӕдӕ, додойаг, денджызы наутӕ кӕмӕ ис, уыдон иууылдӕр кӕй исбонӕй схъӕздыг сты, уыцы стыр сахар! Уымӕн ӕмӕ иунӕг сахатмӕ бацарӕфтыд дӕ!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan