Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 18:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 «Дӕ зӕрдӕйӕн адджын цы уыд, уымӕй ӕнӕхай фӕдӕ. Де ’ппӕт мулк, цӕхӕртӕкалгӕ исбон фесӕфтысты иууылдӕр, нал сӕ ссардзынӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 18:14
12 Iomraidhean Croise  

Саудалынгӕй, мӕрдон тарӕй сӕ рухсмӕ ракодта, сӕ хъадамантӕ сын ныссаста.


Уыцы бынат схуыдтой Киврот-Хаттава, уымӕн ӕмӕ зындард адӕмы уым баныгӕдтой.


Ӕндӕрмыггаг адӕмтӕй семӕ чи бамбал ис, уыдонӕн сӕ зӕрдӕ алцытӕ агуырдта, ӕмӕ та уыдонмӕ гӕсгӕ ногӕй сдзынӕзтой израилӕгтӕ дӕр: «Ныр дзидзайы комдзаг дӕ дзыхы акӕн!


Уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, ахӕм адӕймаджы? О, фӕлӕ зынаргъ дарӕс чи дары, уыдон паддзӕхты галуанты цӕрынц.


Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: „Ӕнӕзонд, ахсӕв дын дӕ уд айстӕуыдзӕн, ӕмӕ уӕд кӕмӕн баззайдзысты, дӕхицӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодтай, уыдон?“


Фӕлӕ йын Авраам загъта: „Мӕ хъӕбул, ды дӕ удӕгасӕй царды хорзӕхтӕ кӕй райстай, Лазыр та хъизӕмар кӕй бавзӕрста, уый дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн. Ныр уый ам рӕвдыд у, ды та удхар кӕныс.


Уыдӕттӕ та махӕн зондыхос сты — фыдӕхмӕ ӕмхиц ма уӕм, уыдон ӕм куыд ӕмхиц уыдысты, афтӕ.


Бӕллут цӕмӕдӕр — ӕмӕ уын нӕй; марут ӕмӕ хӕлӕг кӕнут, фӕлӕ уӕддӕр уӕ бон йӕ райсын нӕу. Кӕрӕдзимӕ хӕссут фыдӕх, хъаугъа кӕнут; цы уӕ хъӕуы, уый нӕ райсут, уымӕн ӕмӕ нӕ курут.


корицӕ, хъацӕнтӕ, буд ӕмӕ миррӕ, сӕн ӕмӕ оливӕйы сой, ссад ӕмӕ мӕнӕу, стуртӕ ӕмӕ фыстӕ, бӕхтӕ ӕмӕ уӕрдӕттӕ, цагъартӕ — адӕймаджы буӕрттӕ ӕмӕ удтӕ.


Ӕппӕт уыдӕттӕй сӕудӕджер чи кодта ӕмӕ йӕ фӕрцы чи схъӕздыг ис, уыдон дӕрддзӕф лӕудзысты, — стыр тас сыл бахӕцдзӕн, йӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ. Кӕудзысты ӕмӕ дзыназдзысты:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan