Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 18:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Йӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ, стыр тасы бацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Додойаг фӕдӕ, додойаг, стыр сахар, Вавилоны тыхджын сахар! Уымӕн ӕмӕ иунӕг сахатмӕ ӕрцыди дӕ азар!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 18:10
17 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ мӕнӕ рацӕуынц адӕм, дыгай барджытӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм». Уый фӕстӕ ныхъхъӕр кодта: «Бабын ис, бабын ис Вавилон! Йӕ гуымирытӕ базгъӕлӕн сты ӕмӕ лӕзӕрынц зӕххыл».


Уыцы бӕллӕхтӕ ӕмбойны дӕ хай уыдзысты: дӕ цот ӕмӕ дӕ мойы быныл баззайдзынӕ. Дӕ бирӕ хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ дӕр дын ницыуал баххуыс уыдзысты.


О, додой! Ахӕм ӕвирхъау бон никуыма ӕрцыд! Йаковӕн йӕ фыдбылызы рӕстӕг ӕрхӕццӕ кӕны, фӕлӕ фервӕздзӕн.


Дӕ сӕфты хабар дын куы айхъуысын кӕнон, уӕд ӕвирхъау тасы бацӕудзысты бирӕ адӕмтӕ, суанг йӕ кой кӕмӕн никуы фехъуыстай, уыдон дӕр.


О, уыцы бон! Ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы Бон, Ӕппӕтхъомысы гӕныстонау ӕрцӕудзӕн.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, Уӕларвӕфсады Бардарӕг: алы фӕзы дӕр хъуысдзӕнис хъарӕг, алы уынджы дӕр додой кӕндзысты. Се ’ххуырстытӕм ӕмӕ хъарӕггӕнджытӕм зианмӕ фӕдзурдзысты.


Сӕ хъӕрахстмӕ, сӕ алыварс чи уыди, уыцы израилӕгтӕ лидзынмӕ фесты, зӕхх мах дӕр куы аныхъуыра, зӕгъгӕ.


Сӕ мӕрдтӕ баззайдзысты, сӕ Бардарӕджы сын кӕм байтыгътой, фӕсномыгӕй Содом ӕмӕ Мысыр кӕй хонынц, уыцы стыр сахары уынджы.


Фыццаг зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕндӕр зӕд ӕмӕ дзырдта: «Бабын, бабын стыр Вавилон! Йӕ хъахбайдзинады тыххӕй йӕ баййӕфта Хуыцауы фыдӕх, ӕмӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй бадардта ӕппӕт адӕмтӕн».


Стыр сахар ӕртӕ дихы фӕци, ӕмӕ муртаттӕгты сахартӕ бабын сты. Хуыцауӕй нӕ ферох стыр Вавилон, ӕмӕ йын бадардта Йе стыр фыдӕхы сӕны кӕхцӕй.


Ды цы дӕс сыкъайы федтай, уыдон сты дӕс паддзахы. Сӕ паддзахӕдтӕ нӕма райстой, фӕлӕ сахаты ӕмгъуыдмӕ сырдимӕ райсдзысты паддзахы бартӕ.


уынынц ын йӕ арты фӕздӕг ӕмӕ хъӕр кӕнынц: «Ацы стыр сахарӕн ӕмбал нӕй!»


Сӕ сӕртыл зӕрынц рыг, хъӕр кӕнынц, кӕуынц ӕмӕ дзыназынц: «Додойаг фӕдӕ, додойаг, денджызы наутӕ кӕмӕ ис, уыдон иууылдӕр кӕй исбонӕй схъӕздыг сты, уыцы стыр сахар! Уымӕн ӕмӕ иунӕг сахатмӕ бацарӕфтыд дӕ!»


Иу тыхджын зӕд систа куыройы фыды йас стыр дур, нывзылдта йӕ денджызмӕ ӕмӕ загъта: «Афтӕ дӕлӕмӕ ныххаудзӕн Вавилоны стыр сахар ӕмӕ нал уыдзӕн.


Уый тыххӕй йӕ иунӕг бонмӕ баййафдзысты рынтӕ, мӕлӕт, маст ӕмӕ стонг рӕстӕг, ӕмӕ арты басудздзӕн. Уымӕн ӕмӕ тыхджын у, тӕрхон ын Чи рахаста, уыцы Бардарӕг Хуыцау».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan