5 Йӕ тӕрныхыл фыст уыди, сусӕг нысаниуӕг кӕмӕн ис, ахӕм ном: «Стыр Вавилон, хъахбайты ӕмӕ зӕххон ӕлгъаг миты мад».
Комдзог сыл цӕуы суанг сӕ цӕсгом дӕр; содомӕгтау сӕ тӕригъӕдтӕй ӕппӕлынц, нӕ сӕ сусӕг кӕнынц. Додойаг кӕндзӕни сӕ къона, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхи фыдбылызы ӕппарынц.
Уымӕ гӕсгӕ, хъахбай сыл, ӕрбайхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ!
Уыдонӕн сӕ кӕрон — бынсӕфт, сӕ хуыцау — сӕ гуыбын, худинаг сӕм цы хъуамӕ кӕсид, уымӕй сты сӕрыстыр. Сӕ мӕт у зӕххон цардыл.
Уымӕн ӕмӕ фыдӕхы сусӕг тыхтӕ скуыстой ныридӕгӕн, фӕлӕ уал раздӕр хъуамӕ, йӕ фӕндаг ын чи ӕхгӕны, уый ацӕуа.
Мӕ рахиз къухы кӕй уыныс, уыцы авд стъалыйы, стӕй авд сыгъзӕрин цырагъдарӕны сусӕгдзинад ахӕм у: авд стъалыйы сты авд аргъуаны зӕдтӕ, авд цырагъдарӕны та — авд аргъуаны.
Сӕ мӕрдтӕ баззайдзысты, сӕ Бардарӕджы сын кӕм байтыгътой, фӕсномыгӕй Содом ӕмӕ Мысыр кӕй хонынц, уыцы стыр сахары уынджы.
Фыццаг зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕндӕр зӕд ӕмӕ дзырдта: «Бабын, бабын стыр Вавилон! Йӕ хъахбайдзинады тыххӕй йӕ баййӕфта Хуыцауы фыдӕх, ӕмӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй бадардта ӕппӕт адӕмтӕн».
Стыр сахар ӕртӕ дихы фӕци, ӕмӕ муртаттӕгты сахартӕ бабын сты. Хуыцауӕй нӕ ферох стыр Вавилон, ӕмӕ йын бадардта Йе стыр фыдӕхы сӕны кӕхцӕй.
Ӕмӕ авд кӕхцы кӕмӕ уыд, уыцы авд зӕдӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕмӕ дын ӕз фенын кӕнон, бирӕ дӕттыл чи бады, уыцы стыр хъахбаймӕ цы ӕфхӕрд ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.
Зӕххон паддзӕхтӕ йемӕ хъахбай митӕ фӕкодтой, зӕххон цӕрджытӕ расыг кодтой йӕ хъахбайдзинады сӕнӕй».
Зӕд мын загъта: «Цӕуыл дис кӕныс? Ӕз дын раргом кӕндзынӕн ацы сылгоймаджы ӕмӕ, кӕуыл бады, авд сӕры ӕмӕ дӕс сыкъайы кӕмӕн ис, уыцы сырды сусӕгдзинад.
Уый хъӕрӕй загъта: «Бабын ис, бабын стыр Вавилон ӕмӕ сси дӕлимонтӕн цӕрӕнуат, алы ӕнӕзӕгъинагӕн, алы чъизи ӕмӕ ӕлгъаг маргъӕн фысымуат. Уымӕн ӕмӕ йӕ хъахбайдзинады тыххӕй Хуыцауы фыдӕх баййӕфта ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕн бадардта уыцы фыдӕхы сӕнӕй.
Иу тыхджын зӕд систа куыройы фыды йас стыр дур, нывзылдта йӕ денджызмӕ ӕмӕ загъта: «Афтӕ дӕлӕмӕ ныххаудзӕн Вавилоны стыр сахар ӕмӕ нал уыдзӕн.
Уымӕн ӕмӕ Йӕ тӕрхӕттӕ сты раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам! Уый бафхӕрдта, йӕ хъахбайдзинадӕй зӕхх чи фехӕлдта, уыцы стыр хъахбайы ӕмӕ дзы райста Йӕ лӕггадгӕнджыты туг!»
«Цалынмӕ нӕ Хуыцауы цагъарты тӕрныхтыл мыхуыр сӕвӕрӕм, уӕдмӕ знаггад ма ракӕнут нӕдӕр зӕххӕн, нӕдӕр денджызӕн, нӕдӕр бӕлӕстӕн».