Ӕргомад 17:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст4 Сылгоймагыл уыди тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх дарӕс, фӕлыст уыди сыгъзӕринӕй, зынаргъ дуртӕ ӕмӕ дзындзытӕй; йӕ къухы — йӕ хъахбайдзинады ӕлгъаг ӕмӕ чъизи хъуыддӕгтӕй йемыдзаг сыгъзӕрин кӕхц. Faic an caibideil |
Сымах та иуӕрдыгӕй Мӕнӕн гал ӕргӕвдут, иннӕрдыгӕй та уӕ гуымирыйӕн адӕймаг-нывонд хӕссут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн фыс кусарт кӕнут, иннӕрдыгӕй та куыдзы ӕфцӕг сӕттут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн хуын хӕссут, иннӕрдыгӕй та хуыйы хъуырӕй туг уадзут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн буд судзут, иннӕрдыгӕй та уӕ хуыцаугондӕн табу кӕнут. Равзӕрстат уӕхи фӕндӕгтӕ, уӕ зӕрдӕ рухс кӕны уе ’лгъаг митӕй.