Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 17:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Ӕз уыдтӕн Удӕй разӕнгард, зӕд мӕ акодта ӕдзӕрӕг ранмӕ, ӕмӕ федтон, сырх сырдыл чи бадти, уыцы сылгоймаджы. Сырдыл фыст уыдысты Хуыцауы фауӕн бирӕ нӕмттӕ, уыдис ын авд сӕры ӕмӕ дӕс сыкъайы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 17:3
26 Iomraidhean Croise  

Ӕз ардыгӕй куы ацӕуон, уӕд дӕу, чи зоны, Дунедарӕджы Уд ахӕсса, кӕдӕм, уый нӕ зонын. Ӕмӕ Ахавӕн куы зӕгъон дӕу тыххӕй, ӕмӕ дӕ уый куы не ссара, уӕд мӕ амардзӕн. Ӕз та, дӕ цагъар, ме ’взонгӕй нырмӕ дӕр Хуыцауӕн аргъуыц кӕнын.


Загътой йын: «Дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз хъаруджын лӕджы ис дӕ цагъарты ’хсӕн. Бар ратт, ӕмӕ дын дӕ ахуыргӕнӕджы агурӕг ацӕуой. Кӕд ӕй, мыййаг, Дунедарӕджы Уд ахаста ӕмӕ йӕ искӕцы хохыл кӕнӕ исты тӕрфы ныппӕрста». Уый сын загъта: «Ма сӕ арвитут».


— Чи у уый, ӕдзӕрӕг быдырӕй чи ссӕуы, йӕ къух йӕ уарзоны дӕлармы бакодта, афтӕмӕй? — Фӕткъуы бӕласы бын дӕ райхъал кодтон — уым равзӕрди дӕ гуырдз, уым рантыстӕ дӕ ныййарӕг мадӕн.


Мӕн та Хуыцауы Удӕй лӕвӕрд цӕстылуайӕны Уд систа, ӕмӕ мӕ ахаста халдейаг зӕхмӕ, хаст адӕммӕ. Ам мӕ цӕстылуайӕн фӕцыдӕр ис.


Уд мӕ систа, ӕмӕ ӕз мӕ фӕсчъылдымӕй фехъуыстон нӕргӕ хъӕлӕс: «Дунедарӕджы кад арфӕгонд у Йӕ ӕрвон цӕрӕны!»


Ӕрбадардта мӕм къухы хуызӕн цыдӕр, мӕ сӕрыхъуынтӕй мӕ фелвӕста. Уд мӕ арв ӕмӕ зӕххы астӕумӕ систа ӕмӕ мӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд цӕстылуайӕны ӕрхаста Йерусалиммӕ, йе ’ргом цӕгатӕрдӕм арӕзт кӕмӕн уыд, уыцы мидӕггаг кулдуары цурмӕ. Уым лӕууыди, Дунедарӕгӕн Йӕ маст кӕмӕ сыгъди, уыцы гуымиры.


Цӕгаты паддзах раздӕрау, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, тынг схъал уыдзӕн ӕмӕ йӕхи хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн. Хуыцӕутты Хуыцауы ныхмӕ ӕвирхъау фауӕн ныхӕстӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын, цалынмӕ уыцы уӕззау заманӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ, рагацау цы снысан чындӕуыд, уыдӕттӕ хъуамӕ иууылдӕр сӕххӕст уой.


Мӕн фӕндыд базонын, йӕ сӕрыл цы дӕс сыкъайы уыди, уыдон, стӕй, фӕстагмӕ чи фӕзынд, уыцы сыкъа цы нысан кӕны, уый дӕр. Цӕмӕй уыцы сыкъайӕн бынат суӕгъд уа, уый тыххӕй сыкъатӕй ӕртӕ сӕ бынатӕй срӕдывдӕуыд. Сыкъайӕн уыди цӕстытӕ, ӕмӕ, схъӕл ныхас чи кодта, ахӕм дзых.


Иууылбӕрзонды ныхмӕ дзурдзӕн, Йӕ сыгъдӕджыты Йын удхарӕй мардзӕн, сфӕнд кӕндзӕн Ӕгъдау ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ аивын. Иу ӕмгъуыдмӕ, дыууӕ ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ ӕмгъуыды ӕрдӕгмӕ сыгъдӕджытӕ йӕ къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты.


Ӕз лӕмбынӕг кастӕн уыцы сыкъатӕм, ӕмӕ ма мӕнӕ се ’хсӕн иу гыццыл сыкъа фӕзынди. Уымӕн уыдис адӕймаджы цӕстытӕ, ӕмӕ, схъӕл ныхас чи кодта, ахӕм дзых. Иннӕ сыкъатӕй ӕртӕ сӕ бындзарӕй срӕдывдӕуыд, цӕмӕй йын бынат суӕгъд кӕной.


Раластой Йын Йӕ дарӕс ӕмӕ Йыл сырх-сырхид пӕлӕз скодтой.


Донӕй куы рахызтысты, уӕд Филиппы фелвӕста Хуыцауы Уд, ӕмӕ йӕ евнух нал федта. Зӕрдӕрухсӕй дарддӕр цыди йӕ фӕндагыл.


Уый йӕхи, хуыцаугондыл кӕнӕ табуйагыл цыдӕриддӕр нымадӕуы, уыдонӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн ӕмӕ сӕ ныхмӕ сыстдзӕни. Суанг Хуыцауы Кувӕндоны ӕрбаддзӕн ӕмӕ йӕхи расиддзӕни Хуыцауӕй.


Хуыцаубоны ӕз уыдтӕн Сыгъдӕг Удӕй разӕнгард ӕмӕ фӕстейӕ фехъуыстон нӕргӕ хъӕлӕс, сыкъауадындзы зӕлыны хуызӕн: «[Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг.]


Уӕд сылгоймагӕн лӕвӕрд ӕрцыд стыр цӕргӕсы дыууӕ базыры, ӕдзӕрӕг быдыры йын цы бынат уыди, уырдӕм калмӕй бамбӕхсыны тыххӕй атӕхынӕн, цӕмӕй йын уым лӕггад кӕной рӕстӕджы, рӕстӕджыты ӕмӕ рӕстӕджы ӕмбисы дӕргъы.


Арвыл фӕзынд ӕндӕр бӕлвырд нысан дӕр: ӕртхуыз стыр залым — авд сӕры ӕмӕ йын дӕс сыкъайы, йӕ сӕртыл — авд кады худы.


Сылгоймаг та алыгъд ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Хуыцау ын бынат кӕм ӕрцӕттӕ кодта, уырдӕм, уым ын мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны куыд лӕггад кӕной, афтӕ.


Ды цы сылгоймаджы федтай, уый та у, зӕххон паддзӕхтыл ӕлдариуӕг чи кӕны, уыцы стыр сахар».


Сылгоймагыл уыди тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх дарӕс, фӕлыст уыди сыгъзӕринӕй, зынаргъ дуртӕ ӕмӕ дзындзытӕй; йӕ къухы — йӕ хъахбайдзинады ӕлгъаг ӕмӕ чъизи хъуыддӕгтӕй йемыдзаг сыгъзӕрин кӕхц.


сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист дзауматӕ, зынаргъ дуртӕ ӕмӕ дзындзытӕ; лыстӕг гӕнӕй уафт хъуымӕцтӕ, сырх, сӕнт сырх ӕмӕ зӕлдаг уӕфтӕгтӕ, алыхуызон хӕрздӕф хъӕдӕрмӕг; пылыстӕг, зынаргъ хъӕдӕрмӕг, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг ӕмӕ мраморӕй конд алы дзауматӕ;


«Додойаг фӕдӕ, додойаг, гӕн хъуымацӕй, сырх ӕмӕ сӕнт сырх уӕфтӕгтӕй дарӕс кӕуыл ис, сыгъзӕринӕй, зынаргъ дуртӕй ӕмӕ дзындзытӕй фӕлыст чи у, уыцы стыр сахар!


Ӕз уыдтӕн Удӕй разӕнгард, ӕмӕ мӕ зӕд схаста стыр ӕмӕ бӕрзонд хохмӕ, фенын мын кодта Йерусалимы сыгъдӕг сахар уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ.


Сыгъдӕг Уд мӕ уайсахат систа, ӕмӕ мӕнӕ мӕ разы паддзахы бадӕн уӕларвы, паддзахы бадӕны та федтон Бадӕджы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan