Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 17:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Зӕххон паддзӕхтӕ йемӕ хъахбай митӕ фӕкодтой, зӕххон цӕрджытӕ расыг кодтой йӕ хъахбайдзинады сӕнӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 17:2
14 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы къухы Вавилоны сахар уыди сыгъзӕрин кӕхц, ӕгас зӕхх дзы ныррасыг ис. Адӕмтӕ дзы сӕн нуӕзтой ӕмӕ сӕрра сты.


О, хӕтаг сылгоймаг, рӕсугъд ӕмӕ дӕсны кӕлӕнгӕнӕг! Адӕмты ӕмӕ знӕмты ныууӕй кодтай дӕ хӕтын ӕмӕ дӕ кӕлӕнтӕй. Ӕз уый тыххӕй сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, —


ӕмӕ йын загъта: «Алчи уал раздӕр хорз сӕн ӕрӕвӕры фынгыл, ӕмӕ сӕ фаг куы бануазынц, уӕд та — ӕвзӕрдӕр. Ды та хорз сӕн нырмӕ ныууагътай».


Фыццаг зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕндӕр зӕд ӕмӕ дзырдта: «Бабын, бабын стыр Вавилон! Йӕ хъахбайдзинады тыххӕй йӕ баййӕфта Хуыцауы фыдӕх, ӕмӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй бадардта ӕппӕт адӕмтӕн».


Уыдон ӕмзонд сты, ӕмӕ сӕ тых, сӕ бартӕ ратдзысты сырдмӕ.


Уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау сӕ зӕрдӕты нывӕрдта Йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын — хъуамӕ уой ӕмзонд ӕмӕ, цалынмӕ Хуыцауы ныхас сӕххӕст уа, уӕдмӕ сӕ паддзахы бартӕ раттой сырдмӕ.


Йӕ тӕрныхыл фыст уыди, сусӕг нысаниуӕг кӕмӕн ис, ахӕм ном: «Стыр Вавилон, хъахбайты ӕмӕ зӕххон ӕлгъаг миты мад».


Ды кӕй федтай, уыцы сырд уыди ӕмӕ нал ис. Уый рацӕудзӕн дӕлдзӕхӕй ӕмӕ ссардзӕн йӕ мӕлӕт. Дунейы райдианӕй зӕххыл цӕрджытӕй царды чиныджы кӕй нӕмттӕ фыст не сты, уыдон дисы бафтдзысты, чи уыди, чи нал ис ӕмӕ чи фӕзындзӕн, уыцы сырдмӕ кӕсгӕйӕ.


нал дын ссудздзысты дӕ рухсгӕнӕнтӕ, нал дӕ хъуысдзӕн усгур лӕппу ӕмӕ чындздзон чызджы хъӕлӕс. Дӕ сӕудӕджертӕ дунейы гуыппырсартӕ уыдысты, дӕ кӕлӕнтӕй ӕппӕт адӕмты асайдтай.


Зӕххон паддзӕхтӕ хъахбай митӕ кодтой йемӕ, зӕххон сӕудӕджертӕ схъӕздыг сты йӕ бирӕ исбонӕй».


Йемӕ хъахбай митӕ ӕмӕ хъалцард чи кодта, уыцы зӕххон паддзӕхтӕ йын йӕ арты фӕздӕг куы феной, уӕд ыл ныккӕудзысты ӕмӕ ныдздзыназдзысты.


Мӕнӕ йыл Ӕз ӕфтауын низ; йемӕ чи хӕты, уыдон та сӕ митыл куынӕ ӕрфӕсмон кӕной, уӕд сӕ стыр бӕллӕхы баппардзынӕн.


Мӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, фӕразон кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ Ӕз бахиздзынӕн, зӕххон цӕрджыты бафӕлварынӕн ӕппӕт дунейы цы фыдӕвзарӕн рӕстӕг уыдзӕн, уымӕй.


Не ’рфӕсмон кодтой, лӕгмартӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, хъахбайтӕ ӕмӕ давджытӕ кӕй уыдысты, ууыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan