Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 17:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Зӕд мын загъта: «Ды федтай, хъахбай кӕуыл бады, уыцы дӕттӕ — уыдон сты адӕмтӕ ӕмӕ дзыллӕтӕ, адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 17:15
14 Iomraidhean Croise  

Иу дзырд, иу ныхас, иунӕг мыр нӕ хъуысы,


Йӕ хъомысы фӕрцы паддзахиуӕг кӕндзӕн ӕнусмӕ; Уый ӕппӕт адӕмтӕм Йӕ цӕст дары, цӕмӕй змӕнтджытӕ ма сыстой.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕгатӕй, гуылфгӕнгӕ, ӕрбацӕуынц цӕугӕдӕттӕ. Уӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон, сахартӕ ӕмӕ адӕм иууылдӕр фӕдӕлдон уыдзысты. Бӕхты къӕхты хъӕр, бӕхуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ сӕ цӕлхыты уынӕрӕй адӕм ныдздзыназдзысты. Ӕгас бӕстӕйы цӕрджытӕ ныккӕудзысты. Ныййарджытӕн сӕ цӕнгты хъару фесӕфдзӕн, ӕмӕ сӕ цотмӕ фӕстӕмӕ нал ракӕсдзысты.


Ды цӕрыс стыр цӕугӕдӕтты был. Дӕ хӕзнатӕ ӕнӕнымӕц сты, фӕлӕ ӕрцыди де сӕфт, адӕмы нал стигъдзынӕ.


Вавилоны сӕрмӕ денджыз хӕрдмӕ фӕцыди, гуыргуыргӕнгӕ йӕ бамбӕрзтой йӕ уылӕнтӕ.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Вавилоны бӕстӕ сафтид кӕндзӕн, йӕ сӕрыстыр хъӕлӕс ын бамынӕг кӕндзӕн.


Уый донӕфсӕстӕй рӕзыд, дӕлдзӕхы донӕй ахӕцыд хӕрдмӕ, йӕ дӕттӕ йын ӕртыхстысты йӕ зӕнгыл, ӕппӕт бӕлӕстӕн донхорыг лӕвӕрдта.


Ӕмӕ мын загъдӕуыд: «Ды та бирӕ адӕмтӕ, знӕмтӕ, ӕвзӕгтӕ ӕмӕ паддзӕхты тыххӕй хъуамӕ ногӕй пехуымпар ныхас зӕгъай».


Сӕ мӕрдтӕм сын ӕртӕ боны ӕмӕ ӕрдӕг кӕсдзысты адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, ӕвзӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй бирӕтӕ ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ зӕппадзы бавӕрын нӕ бауадздзысты.


Ӕмӕ авд кӕхцы кӕмӕ уыд, уыцы авд зӕдӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕмӕ дын ӕз фенын кӕнон, бирӕ дӕттыл чи бады, уыцы стыр хъахбаймӕ цы ӕфхӕрд ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.


Уыдон зарыдысты ног зарӕг: «Ды дӕ чиныг райсыны ӕмӕ йын йӕ мыхуыртӕ сисыны аккаг! Уымӕн ӕмӕ Дӕу ӕрхастӕуыди нывондӕн, ӕмӕ Дӕ Тугӕй Ды Хуыцауӕн балхӕдтай адӕмты — алы мыггаг ӕмӕ алы ӕвзаг, алы адӕм ӕмӕ алы знӕмты ӕхсӕнӕй!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan