11 Раздӕр чи уыди ӕмӕ ныр чи нал ис, уыцы сырд у ӕстӕм паддзах — авд паддзахӕй иу, ӕмӕ йӕ мӕлӕт ссардзӕн.
Уацары цӕугӕ кӕмӕн у, уый ацӕудзӕн уацары. Кардӕй амӕлгӕ кӕмӕн у, уый амӕлдзӕни кардӕй. Уый афтӕ амоны: сыгъдӕджытӕ хъуамӕ уой фӕразон ӕмӕ иузӕрдион.
Уый фыццаг сырды номӕй архайы, фыццаг сырдмӕ цы бартӕ ис, ахӕм бартимӕ, ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты кувын кӕны, йӕ мӕлӕтдзаг цӕф кӕмӕн байгас, уыцы сырдмӕ.
Йӕ сӕртӕй иу мӕлӕтдзаг цӕфы хуызӕнӕй зынди, фӕлӕ уыцы мӕлӕтдзаг цӕф байгас. Ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ дис кодтой сырдыл, ацыдысты йӕ фӕдыл ӕмӕ бакуывтой залиаг калмӕн, сырдӕн бартӕ кӕй радта, уый тыххӕй.
Ды кӕй федтай, уыцы сырд уыди ӕмӕ нал ис. Уый рацӕудзӕн дӕлдзӕхӕй ӕмӕ ссардзӕн йӕ мӕлӕт. Дунейы райдианӕй зӕххыл цӕрджытӕй царды чиныджы кӕй нӕмттӕ фыст не сты, уыдон дисы бафтдзысты, чи уыди, чи нал ис ӕмӕ чи фӕзындзӕн, уыцы сырдмӕ кӕсгӕйӕ.