Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 17:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 ӕмӕ авд паддзахы. Уыдонӕй фондз амарди, иу дзы ис ныртӕккӕ, иннӕ та нӕма ӕрцыд ӕмӕ, куы ’рцӕуа, уӕд бирӕ нӕ ахӕсдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 17:10
6 Iomraidhean Croise  

Ӕрцӕудзӕнис ахӕм рӕстӕг: ӕвдай азы дӕргъы (иу паддзахы царды ӕмгъуыд) Тирӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Фӕлӕ ӕвдай азы фӕстӕ Тиры хъысмӕт уыдзӕн, хӕтаг сылыл цы зарӕг ис, уыйау:


Ӕмӕ мын загъдӕуыд: «Ды та бирӕ адӕмтӕ, знӕмтӕ, ӕвзӕгтӕ ӕмӕ паддзӕхты тыххӕй хъуамӕ ногӕй пехуымпар ныхас зӕгъай».


Уый фыццаг сырды номӕй архайы, фыццаг сырдмӕ цы бартӕ ис, ахӕм бартимӕ, ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты кувын кӕны, йӕ мӕлӕтдзаг цӕф кӕмӕн байгас, уыцы сырдмӕ.


Йӕ сӕртӕй иу мӕлӕтдзаг цӕфы хуызӕнӕй зынди, фӕлӕ уыцы мӕлӕтдзаг цӕф байгас. Ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ дис кодтой сырдыл, ацыдысты йӕ фӕдыл ӕмӕ бакуывтой залиаг калмӕн, сырдӕн бартӕ кӕй радта, уый тыххӕй.


Раздӕр чи уыди ӕмӕ ныр чи нал ис, уыцы сырд у ӕстӕм паддзах — авд паддзахӕй иу, ӕмӕ йӕ мӕлӕт ссардзӕн.


Ды цы сырд ӕмӕ цы дӕс сыкъайы федтай, уыдон уыцы хъахбайӕ се сӕфт фендзысты ӕмӕ йӕ бацарӕфтыд кӕндзысты; ныууадздзысты йӕ бӕгънӕгӕй, бахӕрдзысты йын йӕ фыд ӕмӕ йӕ басудздзысты арты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan