Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 17:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕмӕ авд кӕхцы кӕмӕ уыд, уыцы авд зӕдӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕмӕ дын ӕз фенын кӕнон, бирӕ дӕттыл чи бады, уыцы стыр хъахбаймӕ цы ӕфхӕрд ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 17:1
20 Iomraidhean Croise  

Хъахбай сылгоймаджы халдих куы фестад Мӕ иузӕрдион сахар, ӕдзух раст тӕрхон чи хаста, уый. Кӕддӕр йӕ мидӕг уыди рӕстдзинад, ныр та дзы цӕрынц лӕгмартӕ.


Мӕ цуры ӕрлӕуут, къулбадӕг усы лӕппутӕ, хӕтаг лӕг ӕмӕ хъахбай сылгоймаджы цот!


Рагзаманы дын Ӕз ныппырх кодтон де ’фсондз, аскъуыдтон дын дӕ бӕндӕнтӕ. Ды загътай: «Ӕз гуымирытӕн нал лӕггад кӕндзынӕн». Фӕлӕ алы бӕрзонд къуыбырыл, алы къабузджын бӕласы бын хъахбай митӕ кодтай!


Ды цӕрыс стыр цӕугӕдӕтты был. Дӕ хӕзнатӕ ӕнӕнымӕц сты, фӕлӕ ӕрцыди де сӕфт, адӕмы нал стигъдзынӕ.


Уый донӕфсӕстӕй рӕзыд, дӕлдзӕхы донӕй ахӕцыд хӕрдмӕ, йӕ дӕттӕ йын ӕртыхстысты йӕ зӕнгыл, ӕппӕт бӕлӕстӕн донхорыг лӕвӕрдта.


Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Фӕндагыл немӕ куы ныхас кодта ӕмӕ нын Сыгъдӕг Фыст куы амыдта, уӕд нӕ риуы нӕ зӕрдӕтӕ нӕ сыгъдысты, ӕви?»


Ӕмӕ мӕнӕ дыууӕ лӕджы ныхас кӕнынц Йемӕ — уыдон уыдысты Моисей ӕмӕ Илийа.


Ацы чиныг у Йесо Чырыстийы ӕргомад — уый Йын рардӕуыди Хуыцауӕй, цӕмӕй Йӕ цагъартӕн раргом кӕна, рӕхджы цы уыдзӕнис, уый. Ӕппӕт уыдӕттӕ Йесо Йӕ зӕды фӕрцы равдыста Йӕ цагъар Иоаннӕн.


Ӕз арвыл федтон ноджы ма иу стыр ӕмӕ ӕмбисонды ӕвдисӕйнаг — авд зӕды фӕстаг авд бӕллӕхимӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоныл Хуыцауы фыдӕх фӕуыдзӕн.


Стыр сахар ӕртӕ дихы фӕци, ӕмӕ муртаттӕгты сахартӕ бабын сты. Хуыцауӕй нӕ ферох стыр Вавилон, ӕмӕ йын бадардта Йе стыр фыдӕхы сӕны кӕхцӕй.


Уый фӕстӕ ӕз уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ федтон, стыр бартӕ кӕмӕ уыд, ахӕм ӕндӕр зӕды. Зӕхх ныррухс ис йӕ кадӕй.


Уымӕн ӕмӕ Йӕ тӕрхӕттӕ сты раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам! Уый бафхӕрдта, йӕ хъахбайдзинадӕй зӕхх чи фехӕлдта, уыцы стыр хъахбайы ӕмӕ дзы райста Йӕ лӕггадгӕнджыты туг!»


Зӕд мын загъта: «Ныффысс: тӕхудиаг сты, Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи у, уыдон». Ноджы мын загъта: «Адон ӕцӕгӕй Хуыцауы ныхӕстӕ сты».


Сахарӕн йӕхи, йӕ къул ӕмӕ йӕ дуӕрттӕ барынӕн, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕдмӕ уыди сыгъзӕрин лӕдзӕг.


Фӕстаг рынтӕй йедзаг авд кӕхцы цы авд зӕдмӕ уыди, уыдонӕй иу ӕрбацыди мӕнмӕ ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕз дын равдисон Уӕрыччы Усаджы».


Уый фӕстӕ ӕз федтон арвы дуар гомӕй. Ӕмӕ раздӕр кӕй фехъуыстон, сыкъауадындзы зӕлынау мемӕ цы хъӕлӕс ныхас кодта, уый мын загъта: «Ссу ардӕм, ӕмӕ дын Ӕз фенын кӕнон, фидӕны цы уыдзӕн, уый».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan