9 Адӕм тыхджын ӕнтӕфӕй тыхстысты ӕмӕ ӕлгъыстой Хуыцауы ном — ацы рынтыл Кӕй бар цыди, Уый ном. Фӕсмон сӕм не ’рцыд, ӕмӕ Йын кад не скодтой.
Дзургӕ ма кодта, афтӕмӕй паддзах йӕхӕдӕг дӕр ӕрбахӕццӕ ис ӕмӕ Елисейӕн загъта: «Ныр ма цавӕр ӕххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсон Дунедарӕгмӕ, фыдбӕллӕхы нӕ Йӕхӕдӕг куы баппӕрста, уӕд?»
Уыцы тыхст заманы паддзах Ахаз фылдӕрӕй-фылдӕр гадзрахатӕй цыди Дунедарӕгыл.
Надцух ма стут, ӕнӕсӕттонтӕ? Сӕр хъӕдгӕмттӕй куынӕуал зыны, зӕрдӕ куы баруади.
Рахау-бахау кӕндзысты зӕрдӕсастӕй, ӕххормагӕй. Стонгӕй мӕлгӕйӕ, фыр мӕстӕй ӕлгъитдзысты сӕ паддзахы ӕмӕ сӕ Хуыцауы. Арвмӕ скӕсдзысты,
Дзӕвгар рӕстӕг куы рацыди, уӕд та мын Дунедарӕг загъта: «Ацу Евфраты доны былмӕ ӕмӕ дын кӕй бамбӕхсын кодтон, уыцы рон райс».
О Дунедарӕг! Ау, Дӕ цӕст рӕстдзинад нӕ уыны? Дӕрӕн сӕ кӕныс, фӕлӕ сӕм рыст нӕ хъары, ныццӕгъдыс сӕ, фӕлӕ зонды къахыл не ’рлӕууынц. Дуртӕй хъӕбӕрдӕр систы, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй!
Уый бӕрц ӕлгъаг у дӕ чъизи, ӕмӕ дӕ цасфӕнды куы сыгъдӕг кӕнон, уӕд дӕр чъизийӕ баззайдзынӕ ӕмӕ фидӕны дӕр не ссыгъдӕг уыдзынӕ, цалынмӕ дыл Мӕ азар нӕ ныххуырсон, уӕдмӕ.
Зӕгъын уын, нӕ уыдысты! Фӕлӕ уӕ тӕригъӕдтыл куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд сымах уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут.
Нӕ, зӕгъын уын! Фӕлӕ уӕ тӕригъӕдтыл куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут».
Куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд та мӕ Хуыцау сымах тыххӕй куы фегад кӕна ӕмӕ кӕуинаг куы фӕуон, тӕригъӕды чи бацыди ӕмӕ йӕ чъизи хъуыддӕгтӕ, йӕ хъахбайдзинад ӕмӕ ӕлгъаг митыл фӕсмон чи нӕ фӕкодта, бирӕ ахӕм адӕмтыл.
Йешуа загъта Аханӕн: — Мӕ фырт, скад кӕн Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, сыстау Ӕй! Радзур мын, цы бакодтай, уый, мацы мӕ басусӕг кӕн.
Ӕмӕ уайтӕккӕ зӕхх тынг нынкъуысти, сахары дӕсӕймаг хай ныппырх. Зӕххӕнкъуысты фӕмард авд мин адӕймаджы. Иннӕты бацыд тас, ӕмӕ кад кодтой Уӕларвон Хуыцауӕн.
Зӕд хъӕрӕй дзырдта: «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ Йын кад скӕнут, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тӕрхоны рӕстӕг. Бакувут арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ донгуырӕнтӕ Сфӕлдисӕгмӕ».
Адӕмыл арвӕй ныууарыди таланты ӕмуӕз их; ӕмӕ адӕм ихрыны тыххӕй Хуыцауы ӕлгъыстой, уымӕн ӕмӕ сӕ уыцы рын хъизӕмарӕй мардта.
Ӕз ын радтон рӕстӕг ӕрфӕсмон кӕнынӕн, фӕлӕ хъахбай кӕй у, ууыл ӕй ӕрфӕсмон кӕнын нӕ фӕнды.
Ацы рынтӕй чи нӕ амард, уыцы адӕммӕ та фӕсмон не ’рцыд ӕмӕ нӕ ныууагътой дӕлимонтӕм ӕмӕ, сӕхӕдӕг къухӕй кӕй скодтой, нӕдӕр уынгӕ, нӕдӕр хъусгӕ, нӕдӕр цӕугӕ чи нӕ кӕны, сӕ уыцы сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, дурын ӕмӕ хъӕдын гуымирытӕм кувын.