Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 16:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Нывондхӕссӕнӕй мӕм райхъуыст: «О Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Дӕ тӕрхӕттӕ!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 16:7
11 Iomraidhean Croise  

Уӕд мӕм серафимтӕй иу ӕрбатахти зынджы къӕрттимӕ — нывондхӕссӕны цӕхӕрӕй йӕ ӕртыскӕнӕй фелвӕста.


Дунедарӕг, гӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл уыд, уыцы лӕгӕн загъта: «Цӕлхыты ’хсӕнты херувимты бынмӕ бацу, херувимты ’хсӕнӕй дыууӕ армы дзаг зынджытӕ райс ӕмӕ сӕ сахарыл фехс». Уыцы лӕг мӕ разы херувимты бынмӕ бацыди.


уӕд херувимтӕй иу йӕ къух зынгмӕ бадардта, райста уыцы зынгӕй ӕмӕ дзы, гӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл уыд, уыцы лӕгӕн йӕ ӕрмтты ӕрӕвӕрдта. Уый райста зынг ӕмӕ рацыди.


«Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ [райдиан ӕмӕ кӕрон]», — зӕгъы Бардарӕг Хуыцау, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уый — Ӕппӕтылхӕцӕг.


Уацары цӕугӕ кӕмӕн у, уый ацӕудзӕн уацары. Кардӕй амӕлгӕ кӕмӕн у, уый амӕлдзӕни кардӕй. Уый афтӕ амоны: сыгъдӕджытӕ хъуамӕ уой фӕразон ӕмӕ иузӕрдион.


уый Хуыцауы азары кӕхцӕй нуаздзӕн, ӕндӕр истӕимӕ хӕццӕ чи нӕу, Йӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй ӕмӕ сыгъдӕг зӕдты ӕмӕ Уӕрыччы раз хъизӕмар кӕндзӕни сондон арты.


Ноджы ма иу зӕд, артыл кӕй бар цӕуы, уый рацыди нывондхӕссӕнӕй ӕмӕ, цыргъ ӕхсырф кӕмӕ уыди, уыцы зӕдӕн хъӕрӕй загъта: «Рауадз дӕ цыргъ ӕхсырф ӕмӕ зӕххы сӕнӕфсирӕн йӕ цупӕлттӕ ӕрлыг кӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ гагатӕ срӕгъӕд сты».


Уымӕн ӕмӕ Йӕ тӕрхӕттӕ сты раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам! Уый бафхӕрдта, йӕ хъахбайдзинадӕй зӕхх чи фехӕлдта, уыцы стыр хъахбайы ӕмӕ дзы райста Йӕ лӕггадгӕнджыты туг!»


Уӕрыкк фӕндзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд нывондхӕссӕны бын федтон, Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕмӕ се ’вдисӕнады тыххӕй кӕй амардӕуыд, уыдоны удтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan