6 Уыдон сыгъдӕджытӕ ӕмӕ пехуымпарты туг кӕй ныккалдтой, уый тыххӕй сын Ды туг бануазын кодтай — уый аккаг сты».
уыимӕ Йерусалимы сахары ӕназымты туг кӕй ныккалдта, уый тыххӕй. Дунедарӕджы нал бафӕндыд ныххатыр кӕнын.
Цӕстӕн — цӕст. Дӕндагӕн — дӕндаг. Къухӕн — къух. Къахӕн — къах.
ӕмӕ дын афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Уӕдӕ ныртӕккӕ базондзынӕ, Дунедарӕг Чи у, уый. Мӕ къухы цы лӕдзӕг ис, уымӕй ӕз мӕнӕ Нилы дон ӕрцӕвдзынӕн, ӕмӕ туг фестдзӕни.
Де ’фхӕрджытӕн бахӕрын кӕндзынӕн сӕхи фыд, бафсаддзынӕн сӕ сӕхи тугӕй, раст цыма ног сӕн бануӕзтой, афтӕ, ӕмӕ уӕд алчидӕр базондзӕн, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг, Йаковы хъомысджын Хуыцау».
Уӕ фыртты уын Ӕз дзӕгъӕлы ӕфхӕрдтон: уӕддӕр Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Ӕгъатыр домбайау уӕ кард уӕ пехуымпарты аныхъуырдта!
Сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ уӕздӕттӕн, стӕй ӕппӕт адӕмӕн загътой: «Ацы адӕймагӕн марыны тӕрхон рахӕссын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ацы сахары ныхмӕ пехуымпариуӕг кодта. Уый сымах фехъуыстат уӕхи хъустӕй!»
Уӕд уӕздӕттӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕм загътой сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕн: «Ацы лӕг маринаг нӕу, уымӕн ӕмӕ немӕ дзырдта Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, номӕй».
Пехуымпарты тӕригъӕдтӕ, сауджынты фыдракӕндтӕ — рӕстгӕнджыты туг сахары кӕй калдтой, о, ахӕм хуызы бафыстӕуыд ныр!
Зӕхх бафсаддзынӕн дӕ тугӕй, уый анхъӕвздзӕни суанг хӕхты онг, байдзаг дзы уыдзысты мӕсчъытӕ.
уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд тӕрхон кӕнат, афтӕ уын Хуыцау уӕхицӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн; уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр.
Йӕ хицауы фӕндон чи нӕ зыдта, афтӕмӕй нады аккаг митӕ чи фӕкодта, уый та къаддӕр ӕфхӕрд баййафдзӕн. Хуыцау бирӕ кӕмӕн радта, уымӕй бирӕ ӕрдомдзӕн, йӕ бӕрны фылдӕр кӕмӕн бакодта, уымӕй фылдӕр ӕрцагурдзӕн.
уӕд, куыд ӕнхъӕл стут, цас карздӕр ӕфхӕрды аккаг уыдзӕни, Хуыцауы Фырты чи ссӕнды ӕмӕ, сыгъдӕггонд кӕмӕй ӕрцыди, Фидыды уыцы Туг чи ницӕмӕ дары ӕмӕ фарндӕттӕг Уды чи фауы, уый?
Муртаттӕгты маст рафыхт, ӕмӕ ралӕууыд Дӕ азар, мӕрдтӕн тӕрхон хӕссыны, Дӕ цагъар пехуымпартӕн, сыгъдӕджытӕн, Дӕуӕй тӕрсджытӕн — хуымӕтӕгтӕн ӕмӕ номдзыдтӕн — фиддон раттыны, бӕстӕ сафджыты фесафыны рӕстӕг».
Уацары цӕугӕ кӕмӕн у, уый ацӕудзӕн уацары. Кардӕй амӕлгӕ кӕмӕн у, уый амӕлдзӕни кардӕй. Уый афтӕ амоны: сыгъдӕджытӕ хъуамӕ уой фӕразон ӕмӕ иузӕрдион.
Ӕмӕ йын лӕвӕрд уыди фыццаг сырды сурӕты цард бауадзыны тых, сырды сурӕт дзыхӕй куыд сдзура ӕмӕ йӕм чи нӕ кувы, уыдонӕн се ’ппӕты дӕр куыд марын кӕна, афтӕ.
Цин кӕнут уый тыххӕй, уӕлӕрвтӕ! Цин кӕнут, сыгъдӕджытӕ, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ, уымӕн ӕмӕ уын уый цы тӕрхон рахаста, ахӕм тӕрхон ын рахаста Хуыцау.
Ацы сахары ныккалди пехуымпарты ӕмӕ сыгъдӕджыты, зӕххыл кӕйдӕриддӕр амардӕуыд, ӕппӕт уыдоны туг».
Уымӕн ӕмӕ Йӕ тӕрхӕттӕ сты раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам! Уый бафхӕрдта, йӕ хъахбайдзинадӕй зӕхх чи фехӕлдта, уыцы стыр хъахбайы ӕмӕ дзы райста Йӕ лӕггадгӕнджыты туг!»