Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 16:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дӕттыл кӕй бар цӕуы, уыцы зӕды хъӕлӕс: «Раст дӕ Ды, Чи ис ӕмӕ Чи уыди, уыцы сыгъдӕг Хуыцау, уымӕн ӕмӕ Ды ахӕм тӕрхон рахастай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 16:5
18 Iomraidhean Croise  

Уый ма ’рцӕуӕд, ӕмӕ Ды афтӕ бакӕнай, ӕнаххос фыдгӕнӕджы хал ахӕра! Уый ма ’рцӕуӕд! Ӕппӕт зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг куыннӕ хъуамӕ рахӕсса раст тӕрхон?»


Фӕлӕ Ды хатыргӕнаг дӕ — уадз ӕмӕ Дын аргъуыц кӕной.


О, Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхон раст у, — нӕ Йӕм хъуыстон! О, байхъусут-ма, адӕмтӕ! Мӕ хъизӕмармӕ мын ӕрбакӕсут: мӕ чызджытӕ, мӕ лӕппутӕ, уӕ, уацары куы фӕцӕуынц!


Ӕмӕ нын уӕд Дунедарӕг стыр фыдӕх бавзарын кодта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, Йӕ алы хъуыддаджы дӕр раст у, мах та Йӕм нӕ хъуыстам.


Мӕ раст Фыд! Дуне Дӕ нӕ базыдта, Ӕз та Дӕ зонын, ӕмӕ уыдон дӕр базыдтой, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, уый.


Фӕлӕ ӕнӕсӕттон кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг ноджы карздӕр кӕныс де ’фхӕрд Хуыцауы азары бон, Хуыцау Йӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон куы раргом кӕна, уӕд.


Кӕд нӕ зылындзинад ноджы ирддӕр ӕвдисы Хуыцауы рӕстдзинад, уӕд та? Уӕд, мыййаг, Хуыцау кӕд раст нӕ уыдзӕн, Йӕ азар ныл куы ныккала, уӕд? (Адӕймаг куыд хъуыды кӕны, афтӕ дзурын.)


Иоаннӕй — Азийы авд аргъуанмӕ: хорзӕх ӕмӕ уын фарн, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уымӕй ӕмӕ, Йӕ бадӕны раз чи ис, уыцы авд удӕй


«Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ [райдиан ӕмӕ кӕрон]», — зӕгъы Бардарӕг Хуыцау, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уый — Ӕппӕтылхӕцӕг.


«Ды Дӕхимӕ ӕппӕт бартӕ дӕр кӕй райстай ӕмӕ Паддзах кӕй сдӕ, уый тыххӕй арфӕ кӕнӕм Дӕуӕн, Дунедарӕг, Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцау, Чи ис ӕмӕ Чи уыди, Уый.


Ӕртыккаг зӕд йӕ кӕхц ракалдта цӕугӕдӕттыл ӕмӕ суадӕттыл, ӕмӕ туг фестадысты.


Нывондхӕссӕнӕй мӕм райхъуыст: «О Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Дӕ тӕрхӕттӕ!»


Уымӕн ӕмӕ Йӕ тӕрхӕттӕ сты раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам! Уый бафхӕрдта, йӕ хъахбайдзинадӕй зӕхх чи фехӕлдта, уыцы стыр хъахбайы ӕмӕ дзы райста Йӕ лӕггадгӕнджыты туг!»


Цыппар уӕларвон удгоймагӕй алкӕмӕн дӕр уыди фӕйнӕ ӕхсӕз базыры; алырдыгӕй дӕр ӕмӕ сӕ базырты бын дӕр уыди бирӕ цӕстытӕ. Уыдон ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнӕрынцайгӕйӕ дзурынц: Уаз у, уаз у, уаз у Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, «Чи уыд, Чи ис ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уый!»


Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Уаз ӕмӕ Ӕцӕг Дунедарӕг, кӕдмӕ у Дӕ каст, зӕххон цӕрджытӕн тӕрхон цӕуылнӕ рахӕссыс ӕмӕ сӕ нӕ туг цӕуылнӕ райсыс?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan