Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 16:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Ацыд фыццаг зӕд ӕмӕ йӕ кӕхц ракалдта зӕхмӕ, ӕмӕ, сырды нысан кӕуыл уыд ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыцы адӕмыл фӕзынд ӕвирхъау риссаг хӕфдзӕстытӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 16:2
22 Iomraidhean Croise  

Дӕхиуыл та дын сау низ бафтаудзӕн, ӕмӕ дын уыцы низ дӕ хуылф хӕрдзӕни, цалынмӕ дӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕддӕмӕ ракӕлой, уӕдмӕ».


Уый фӕстӕ Дунедарӕг Иорамӕн йӕ хуылфыдзаумӕттыл, хос кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм низ бафтыдта.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Сионы чызджытӕн сӕ сӕртӕ ныггӕмӕх кӕндзӕн, сӕ бецыктӕ сын адасдзӕн».


Кардылӕфтыд фӕуыдзысты хӕсты быдыры дӕ лӕппутӕ, де ’хсарджынтӕ.


Ӕмӕ йӕ уайтӕккӕ Хуыцауы зӕд ӕрцавта, ӕцӕг Хуыцауӕн кад скӕныны бӕсты йӕхи хуыцау схонын кӕй бауагъта, уый тыххӕй; къуыдыргӕлмытӕ йӕ бахордтой ӕмӕ йӕ уд систа.


Дунедарӕг дын мысырӕгты хуызӕн дӕ буар сынкъ ӕмӕ цъутхал фестын кӕндзӕн, хӕлмагӕй дӕ ницыуал зындзӕн, хордзоны тугнизӕй хъӕрздзынӕ ӕмӕ дын хос нӕ уыдзӕн.


Дунедарӕджы азарӕй дӕ уӕрджытӕ ӕмӕ дӕ зӕнгтӕ рафаддзысты, ӕмӕ сын хос нӕ ардзынӕ, сӕрӕй къӕхтӕм сынчъытӕй нал зындзынӕ.


Бахиздзӕн уӕ Дунедарӕг алы низӕй, Мысыры уе ’нӕзонгӕ чи нӕ уыд, ӕппӕт уыцы низтӕ сымахыл нӕ, фӕлӕ уӕ чи нӕ уарзы, уыдоныл бафтаудзӕн.


Уый фыццаг сырды номӕй архайы, фыццаг сырдмӕ цы бартӕ ис, ахӕм бартимӕ, ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты кувын кӕны, йӕ мӕлӕтдзаг цӕф кӕмӕн байгас, уыцы сырдмӕ.


Уӕд ӕврагъыл Бадӕг Йе ’хсырф рауагъта зӕххыл ӕмӕ йӕ ӕркарста.


Дыууӕ зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕртыккаг зӕд дӕр ӕмӕ хъӕрӕй дзырдта: «Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йӕ тӕрныхыл кӕнӕ йӕ къухыл нысан чи сӕвӕрдта,


Кувӕндонӕй мӕм райхъуыст, авд зӕдӕн хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Марадз, Хуыцауы фыдӕхы авд кӕхцы акалут зӕхмӕ!»


сӕ хъизӕмары ӕмӕ сӕ хӕфдзӕстыты тыххӕй ӕлгъыстой Уӕларвон Хуыцауы, фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтыл не ’рфӕсмон кодтой.


Фыццаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ зӕххыл ныууарыдысты их ӕмӕ арт тугӕмхӕццӕйӕ. Басыгъд зӕххы ӕртыццаг хай, басыгъд бӕлӕсты ӕртыццаг хай, басыгъд цъӕх кӕрдӕг ӕгасӕй дӕр.


Дунедарӕг тынг ӕрӕлхъывта Ашдоды цӕрджыты, стыр тас сӕ бауагъта. Сӕхи дӕр ӕмӕ сын сӕ алфамбылай цӕрджыты буар дӕр сынкъ фестын кодта.


Куыддӕр бахӕццӕ ис, афтӕ Дунедарӕг Гаты сахарыл фыд азар бафтыдта. Сахары цӕрджытӕн сӕ буар — стырӕй, чысылӕй — къуызыртӕй нал зынди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan