16 Ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон цы бынат хуыйны, уырдӕм.
Иосиа фӕстӕмӕ нӕ аздӕхт, фӕлӕ йӕхи тохмӕ ’рцӕттӕ кодта. Нехо йын Хуыцауы номӕй цы загъта, уымӕ нӕ байхъуыста, ӕмӕ Мегиддойы дӕлвӕзы йемӕ схӕцыди.
Уыцы бон Йерусалимы цӕрджыты хъарӕг хъуысдзӕни Хадад-Риммоны, Мегиддойы тъӕпӕны хъарӕгау.
Пилат уый куы фехъуыста, уӕд Йесойы ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ, Лифостротон кӕй хуыдтой, дзуттагау та — Гаввафӕ, уым ӕрбадти тӕрхонгӕнӕджы бынаты.
Йесо Йӕ дзуаримӕ ацыд, Сӕргӕхц цы бынат хуыдтой, дзуттагау та — Голгофӕ, уырдӕм.
Йерусалимы, Фысты кулдуары раз, ис найӕн бынат фондз ӕхгӕдсӕр тыргъимӕ, дзуттагау ӕй хонынц Вефесда.
Не ’ппӕт дӕр ӕрхаудыстӕм зӕххыл, ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дзуттагау мӕм чи дзырдта, ахӕм хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс? Зын дын у цыргъ михы ныхмӕ цӕуын“.
Уыдон тох кӕндзысты Уӕрыккимӕ, ӕмӕ сӕ Уӕрыкк басӕтдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уый у хицӕутты Хицау ӕмӕ паддзӕхты Паддзах, ӕмӕ хуындтытӕ, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ Йӕ иузӕрдионтӕ уыдзысты Йемӕ».
Сӕ паддзах уыди дӕлдзӕхы зӕд. Дзуттагау йӕ ном — Аваддон, бердзенагау та — Аполлион.
Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Сисера, Йавины ӕфсады хицау, ӕд ӕфсӕдтӕ ӕмӕ ӕд тохуӕрдӕттӕ Кишоны дӕлвӕзмӕ дӕ размӕ рацӕудзӕн, ӕмӕ дын ӕй Ӕз дӕ къухмӕ ратдзынӕн“».
Хӕстмӕ рацыдысты паддзӕхтӕ! Ханааны паддзӕхтӕ хӕстмӕ рацыдысты Таанахы цурмӕ, Мегиддомӕ хӕстӕг доны былмӕ, фӕлӕ ӕвзист нӕ бафтыди сӕ къухы!