Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 16:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Ӕмӕ залиаг калмы дзыхӕй, сырды дзыхӕй ӕмӕ мӕнгпехуымпары дзыхӕй ӕз рацӕугӕ федтон, галхӕфсыты хуызӕн чи уыд, ахӕм ӕртӕ ӕнӕзӕгъинаджы, —

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 16:13
17 Iomraidhean Croise  

Уӕд сын Пинхас тӕрхон кӕнын райдыдта, ӕмӕ сӕ рын ныууагъта.


Уӕхи хизут, фысдзармы уӕм чи ӕрцӕуы, афтӕмӕй та тугдзых бирӕгъ чи у, уыцы мӕнгпехуымпартӕй.


диссӕгтӕ чи ӕвдисы, уыцы дӕлимонты. Уыдон рацыдысты ӕппӕт дунейы паддзӕхтӕм, цӕмӕй сӕ тохмӕ ӕрӕмбырд кӕной Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы стыр бонмӕ.


Уый хъӕрӕй загъта: «Бабын ис, бабын стыр Вавилон ӕмӕ сси дӕлимонтӕн цӕрӕнуат, алы ӕнӕзӕгъинагӕн, алы чъизи ӕмӕ ӕлгъаг маргъӕн фысымуат. Уымӕн ӕмӕ йӕ хъахбайдзинады тыххӕй Хуыцауы фыдӕх баййӕфта ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕн бадардта уыцы фыдӕхы сӕнӕй.


Ӕмӕ ӕрцахстӕуыди сырды, стӕй, сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, стӕй, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыди судзгӕ сондоны цады.


Чи сӕ сайдта, уыцы хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan