Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 16:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Кувӕндонӕй мӕм райхъуыст, авд зӕдӕн хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Марадз, Хуыцауы фыдӕхы авд кӕхцы акалут зӕхмӕ!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 16:1
17 Iomraidhean Croise  

Дзулау нӕ куы бафсӕстай цӕссыгӕй, цӕссыгты кӕхц нын бануазын кодтай дзагӕй.


Дӕу чи нӕ зоны ӕмӕ Дын Дӕ ном чи нӕ ары, уыцы адӕмтыл Дӕ маст ныккал, уымӕн ӕмӕ уыдон аныхъуырдтой, бабын кодтой Йаковы, йӕ хӕдзӕрттӕ йын сафтид кодтой.


Дунедарӕг, гӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл уыд, уыцы лӕгӕн загъта: «Цӕлхыты ’хсӕнты херувимты бынмӕ бацу, херувимты ’хсӕнӕй дыууӕ армы дзаг зынджытӕ райс ӕмӕ сӕ сахарыл фехс». Уыцы лӕг мӕ разы херувимты бынмӕ бацыди.


Уымӕ гӕсгӕ сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн, Мӕ масты пиллонӕй сӕ бабын кӕндзынӕн, сӕ митӕ сын сӕхи сӕрыл ныххуырсдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Уӕдӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз уӕ ныхмӕ ӕвдисӕн цы бон ныллӕудзынӕн, уымӕ! Мӕнӕ уын Мӕ тӕрхон: Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн адӕмты ӕмӕ ӕппӕт паддзахӕдтӕм фӕсиддзынӕн, цӕмӕй сыл Мӕ маст ныккалон, уымӕн ӕмӕ ӕгас зӕхх Мӕ зӕрдӕхсайды артӕй басудздзӕн.


Ӕмӕ уӕларвы байгом ис Хуыцауы Кувӕндон, ӕмӕ дзы разынди Йӕ Фидыды Чырын. Арв нырттывта, ӕмӕ райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, зӕхх нынкъуыст, ӕмӕ стыр их ныууарыд.


Ноджы ма иу зӕд рацыди Кувӕндонӕй ӕмӕ ӕврагъыл Бадӕгӕн хъӕрӕй загъта: «Рауадз Де ’хсырф ӕмӕ хуым ӕркӕрд, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд хуымгӕрдӕн — зӕххы хуымтӕ сцӕттӕ сты».


Ноджы ма иу зӕд, артыл кӕй бар цӕуы, уый рацыди нывондхӕссӕнӕй ӕмӕ, цыргъ ӕхсырф кӕмӕ уыди, уыцы зӕдӕн хъӕрӕй загъта: «Рауадз дӕ цыргъ ӕхсырф ӕмӕ зӕххы сӕнӕфсирӕн йӕ цупӕлттӕ ӕрлыг кӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ гагатӕ срӕгъӕд сты».


Ӕз арвыл федтон ноджы ма иу стыр ӕмӕ ӕмбисонды ӕвдисӕйнаг — авд зӕды фӕстаг авд бӕллӕхимӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоныл Хуыцауы фыдӕх фӕуыдзӕн.


Ӕвдӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта уӕлдӕфмӕ, ӕмӕ Кувӕндонӕй, паддзахы бадӕнӕй, райхъуысти хъӕрӕй дзурӕг хъӕлӕс: «Сӕххӕст!»


Стӕй дӕ Дунедарӕг арвыста ӕмӕ дын загъта: „Ацу ӕмӕ уыцы тӕригъӕдджынтимӕ, амалекӕгтимӕ, схӕц, цалынмӕ сӕ — Мӕнӕн нывонды охыл — ныццӕгъдай, уӕдмӕ“.


Ныр цу ӕмӕ ныццӕгъд амалекӕгты. Цыдӕриддӕр сӕм ис, уыдон сын ныффалгӕрон кӕнут. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕн: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, тырынӕй, дзидзидайӕ, галӕй, фысӕй, теуайӕ, хӕрӕгӕй — се ’ппӕты дӕр амар“».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan