Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 15:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Цыппар уӕларвон удгоймагӕй иу ацы авд зӕдмӕ радта авд сыгъзӕрин кӕхцы, уыдон та йемыдзаг уыдысты, мыггагӕй-мыггагмӕ цардӕгас Чи у, уыцы Хуыцауы фыдӕхӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 15:7
13 Iomraidhean Croise  

Ды дӕ тасӕфтауӕг Хуыцау. Дӕ масты цӕфӕн чи бафӕраздзӕн?


Дунедарӕг, Израилы Хуыцау мын загъта: «Айс Мӕ къухӕй ацы кӕхц, йӕ мидӕг ис Мӕ масты сӕн. Цы адӕмтӕм дӕ арвитдзынӕн, уыдонӕн дзы се ’ппӕтӕн дӕр бадар.


Сӕхӕдӕг дзурынц, куыд ныл сӕмбӕлдыстут, мӕнгхуыцӕуттӕй Хуыцаумӕ куыд раздӕхтыстут, ууыл — сымах систут цардӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн цагъартӕ,


дӕн удӕгас. Ӕз уыдтӕн мард, фӕлӕ мӕнӕ цардӕгас дӕн мыггагӕй-мыггагмӕ! Мӕнмӕ сты мӕрдтыбӕстӕйы ӕмӕ мӕлӕты дӕгъӕлтӕ.


ӕмӕ расомы кодта, мыггагӕй-мыггагмӕ Цардӕгас Чи у, Уымӕй — арв ӕмӕ, арвыл цы ис, зӕхх ӕмӕ, зӕххыл цы ис, денджыз ӕмӕ, денджызы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ Сфӕлдисӕгӕй: «Ӕрцӕуинаг цы у, уый нӕ бафӕстиат уыдзӕн».


уый Хуыцауы азары кӕхцӕй нуаздзӕн, ӕндӕр истӕимӕ хӕццӕ чи нӕу, Йӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй ӕмӕ сыгъдӕг зӕдты ӕмӕ Уӕрыччы раз хъизӕмар кӕндзӕни сондон арты.


Ӕз арвыл федтон ноджы ма иу стыр ӕмӕ ӕмбисонды ӕвдисӕйнаг — авд зӕды фӕстаг авд бӕллӕхимӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоныл Хуыцауы фыдӕх фӕуыдзӕн.


Ацыд фыццаг зӕд ӕмӕ йӕ кӕхц ракалдта зӕхмӕ, ӕмӕ, сырды нысан кӕуыл уыд ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыцы адӕмыл фӕзынд ӕвирхъау риссаг хӕфдзӕстытӕ.


Ӕмӕ авд кӕхцы кӕмӕ уыд, уыцы авд зӕдӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕмӕ дын ӕз фенын кӕнон, бирӕ дӕттыл чи бады, уыцы стыр хъахбаймӕ цы ӕфхӕрд ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.


Фӕстаг рынтӕй йедзаг авд кӕхцы цы авд зӕдмӕ уыди, уыдонӕй иу ӕрбацыди мӕнмӕ ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕз дын равдисон Уӕрыччы Усаджы».


уӕд цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ныддӕлгом вӕййынц паддзахы бадӕны Бадӕджы раз ӕмӕ бакувынц ӕнусӕй-ӕнустӕм Цардӕгасмӕ, сӕ кады худтӕ ӕрӕвӕрынц Йӕ паддзахы бадӕны раз ӕмӕ хъӕрӕй фӕзӕгъынц:


Куы йӕ райста, уӕд цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ныддӕлгом сты Уӕрыччы раз. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕндыр, стӕй будӕй йедзаг сыгъзӕрин будсудзӕнтӕ — сыгъдӕджыты куывдтытӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan