Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 14:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс. Ӕз кӕй фехъуыстон, уыцы хъӕлӕс уыди, фӕндырдзӕгъдджытӕ цыма сӕ фӕндыртӕй цагътой, уый хуызӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 14:2
29 Iomraidhean Croise  

Давид ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ та Дунедарӕджы раз фыр цинӕй кафыдысты ӕмӕ зарыдысты, хъисфӕндыртӕй, дыууадӕстӕнонтӕй, далатӕй, къӕрцгӕнӕнтӕй ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй цагътой.


Дыууадӕстӕнонтӕ, хъисфӕндыртӕ ӕмӕ хӕтӕлтӕй цагътой, афтӕмӕй ӕрбаздӕхтысты Йерусалиммӕ ӕмӕ сӕ ных Дунедарӕджы Кувӕндоны ’рдӕм сарӕзтой.


Уый куы фӕзӕгъы, уӕд Йӕ дзырдӕй атайы алцы, дымгӕ рауадзы, ӕмӕ азгъорынц дӕттӕ.


Кафтӕй Йын стаут Йӕ ном, зарут Ыл далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъдимӕ.


Кӕддӕриддӕр кад кӕндзынӕн Дунедарӕгӕн, Йӕ кады кой ӕдзухдӕр уыдзӕни мӕ былалгъыл.


Сӕ карды фӕрцы нӕ самал кодтой ацы зӕхх, сӕ хъару сын не ’рхаста уӕлахиз, фӕлӕ Дӕ къух ӕмӕ Дӕ хъомыс, Дӕ цӕсгомы рухс — Ды сыл аудыдтай.


Фесӕфӕнт зӕххы ахъарӕг донау! Се ’рдынбостӕ куы айвазой, уӕд сӕ фӕттӕ асӕттӕнт!


О Дунедарӕг, дӕтты уынӕр хъуысы, абухынц дӕттӕ, ӕмбухынц ӕрвнӕрдау.


Сӕ ныхӕстӕ — къӕйных, сӕ фыдракӕндтӕй ӕппӕлынц.


Стаут Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, бакувут Йӕ ӕрлӕууӕн бынатӕн: сыгъдӕг у Уый!


Ӕртыккаг бон сӕумӕйӕ арв нӕрын, цӕхӕртӕ калын байдыдта, стӕй хохыл ӕрбадти бӕзджын ӕврагъ. Хъӕрӕй ныууасыд сыкъауадындз, ӕмӕ рӕсӕнуаты адӕм барызтысты.


Арв нӕрыд ӕмӕ ӕрттывта, уасыд сыкъауадындз, фӕздӕг калдта хох. Адӕм уыдтой ӕмӕ хъуыстой ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ дӕрддзӕф алӕууыдысты.


Ӕмбухынц дзыллӕтӕ, знӕт фурды уылӕнтау. Фӕлӕ сӕм Хуыцау бартхъирӕн кодта, ӕмӕ фӕстӕмӕ лидзӕг фесты дардмӕ, дымгӕ зыгуымы муртӕ хӕхтыл куыд ахӕссы, зилгӕ уад рыг куыд сыздухы, уыйау.


Уым федтон, Израилы Хуыцауы кад скӕсӕнӕрдыгӕй куыд ӕрбаввахс кӕны, уый. Йӕ хъӕлӕс уыдис бирӕ дӕтты уынӕрау, Йӕ кады рухсӕй дуне ныррухс ис.


Дунедарӕг Йӕхи равдисдзӕн Йӕ адӕмы сӕрмӕ, Йӕ фат фехсдзӕнис ӕрвӕрттывдау. Уӕларвӕфсады Бардарӕг сыкъауадындзӕй ныууасдзӕн, хуссайраг зилгӕ дымгӕйы ацӕудзӕн.


Ӕз адӕймаджы ӕмӕ зӕдты ӕвзӕгтыл куы дзурон, фӕлӕ мӕм уарзт куынӕ уа, уӕд ӕз дӕн зӕлланггӕнаг мырмыраг кӕнӕ зылангзӕл ӕрхуы тӕбӕгъ.


Хуыцаубоны ӕз уыдтӕн Сыгъдӕг Удӕй разӕнгард ӕмӕ фӕстейӕ фехъуыстон нӕргӕ хъӕлӕс, сыкъауадындзы зӕлыны хуызӕн: «[Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг.]


Йӕ къӕхтӕ ӕрттывтой, пецы чи сзынг, ахӕм ӕрхуыйау, Йӕ хъӕлӕс та нӕрыд стыр ӕхсӕрдзӕнау.


Сӕ дыууӕ дӕр фехъуыстой, уӕларвӕй сын хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Ссӕут ардӕм». Уыдон ӕврагъы фӕцыдысты уӕларвмӕ, ӕмӕ уый федтой се знӕгтӕ.


Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».


Ӕмӕ ӕз федтон артимӕ хӕццӕ авджын денджызау цыдӕр. Сырдыл, йӕ сурӕтыл, йӕ номы нымӕцыл чи фӕтых, уыцы адӕм Хуыцауы фӕндыртимӕ лӕууынц авджын денджызыл


Нал фехъусдзынӕ фӕндырдзӕгъдджыты ӕмӕ зарӕггӕнджыты, уадындзтӕ ӕмӕ сыкъауадындзтыл цӕгъдджыты; нал дӕм уыдзӕн иу ӕрмдӕсны дӕр, нал дӕ хъуысдзӕн куыройы фыдты уынӕр;


Куы йӕ райста, уӕд цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ныддӕлгом сты Уӕрыччы раз. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕндыр, стӕй будӕй йедзаг сыгъзӕрин будсудзӕнтӕ — сыгъдӕджыты куывдтытӕ.


Ӕз федтон: Уӕрыкк авд мыхуырӕй асаста фыццаг, ӕмӕ фехъуыстон цыппар уӕларвон удгоймагӕй иуы хъӕлӕс, цыма арв ныннӕрыди, уыйау: «Рацу [ӕмӕ кӕс]».


Фыццаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ зӕххыл ныууарыдысты их ӕмӕ арт тугӕмхӕццӕйӕ. Басыгъд зӕххы ӕртыццаг хай, басыгъд бӕлӕсты ӕртыццаг хай, басыгъд цъӕх кӕрдӕг ӕгасӕй дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan