17 Уӕларвон Кувӕндонӕй рацыд ӕндӕр зӕд; уымӕ дӕр уыди цыргъ ӕхсырф.
Ӕмӕ уӕларвы байгом ис Хуыцауы Кувӕндон, ӕмӕ дзы разынди Йӕ Фидыды Чырын. Арв нырттывта, ӕмӕ райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, зӕхх нынкъуыст, ӕмӕ стыр их ныууарыд.
Уӕд ӕврагъыл Бадӕг Йе ’хсырф рауагъта зӕххыл ӕмӕ йӕ ӕркарста.
Ноджы ма иу зӕд, артыл кӕй бар цӕуы, уый рацыди нывондхӕссӕнӕй ӕмӕ, цыргъ ӕхсырф кӕмӕ уыди, уыцы зӕдӕн хъӕрӕй загъта: «Рауадз дӕ цыргъ ӕхсырф ӕмӕ зӕххы сӕнӕфсирӕн йӕ цупӕлттӕ ӕрлыг кӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ гагатӕ срӕгъӕд сты».
Кувӕндонӕй мӕм райхъуыст, авд зӕдӕн хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Марадз, Хуыцауы фыдӕхы авд кӕхцы акалут зӕхмӕ!»
Ӕвдӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта уӕлдӕфмӕ, ӕмӕ Кувӕндонӕй, паддзахы бадӕнӕй, райхъуысти хъӕрӕй дзурӕг хъӕлӕс: «Сӕххӕст!»