16 Уӕд ӕврагъыл Бадӕг Йе ’хсырф рауагъта зӕххыл ӕмӕ йӕ ӕркарста.
Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕни Йӕ Фыды кадимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ратдзӕни.
Ӕз скастӕн ӕмӕ федтон урс ӕврагъ ӕмӕ ӕврагъыл — Чидӕр, адӕймаджы хуызӕн. Йӕ сӕрыл — сыгъзӕрин кады худ, Йӕ къухы — цыргъ ӕхсырф.
Ноджы ма иу зӕд рацыди Кувӕндонӕй ӕмӕ ӕврагъыл Бадӕгӕн хъӕрӕй загъта: «Рауадз Де ’хсырф ӕмӕ хуым ӕркӕрд, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд хуымгӕрдӕн — зӕххы хуымтӕ сцӕттӕ сты».
Уӕларвон Кувӕндонӕй рацыд ӕндӕр зӕд; уымӕ дӕр уыди цыргъ ӕхсырф.
Зӕд йе ’хсырф зӕххыл фехста, сӕнӕфсиры цупӕлттӕ ӕрлыг кодта ӕмӕ сӕ ныппӕрста Хуыцауы фыдӕхы стыр сӕндуцӕны.