10 уый Хуыцауы азары кӕхцӕй нуаздзӕн, ӕндӕр истӕимӕ хӕццӕ чи нӕу, Йӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй ӕмӕ сыгъдӕг зӕдты ӕмӕ Уӕрыччы раз хъизӕмар кӕндзӕни сондон арты.
Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл уӕлӕрвтӕй ӕркалдта судзгӕ сондон
Арт ссудздзӕни йӕ дзӕгъӕл цатыры, йӕ хӕдзарыл судзгӕ сондон ныккӕлдзӕни.
цӕмӕй сӕхи цӕстӕй феной се сӕфт, Ӕппӕтхъомысы азар сӕхӕдӕг куыд бавзарой.
«Мӕгуыртӕ удхар кӕнынц, ӕнӕбонтӕ дзыназынц, — ныр Ӕз сӕ фарс рахӕцдзынӕн, йӕ фӕдыл кӕмӕн зилынц, уый фервӕзын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
Ӕппындӕр сын тас кӕм ницӕмӕй уыд, уым сыл ӕвиппайды ӕвирхъау тас ӕртыхсдзӕн. Хуыцау дын де знӕгты стджытӕ ныххӕлиу кӕндзӕн, фӕхудинаг сӕ кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ сыл Хуыцау атигъ кӕндзӕн Йӕхи.
Зӕххы кӕронӕй Дӕм ӕрхӕндӕг зӕрдӕйӕ дзыназын. Къӕдзӕхы сӕрмӕ мӕ сис — мӕхи бон нӕу уырдӕм схизын.
Хуыцау! Кӕдмӕ хынджылӕг кӕндзӕн знаг? Ӕнусмӕ фаудзӕни ныхмӕлӕууӕг Дӕ ном?
Ды дӕ тасӕфтауӕг Хуыцау. Дӕ масты цӕфӕн чи бафӕраздзӕн?
Фыдгӕнджытӕ кӕрдӕгау рӕзынц, ӕнӕхуыцӕуттӕ дидинӕг калынц, фӕлӕ уыдон фесӕфдзысты мыггагмӕ.
Дистӕ кӕнут, фыр дисӕй бандзыг ут, уӕхи бакуырм кӕнут ӕмӕ куырмӕджы бадут! Ныррасыг стут, ӕрмӕст сӕнӕй нӕ; цудтытӕ кӕнут, ӕрмӕст карз нозтӕй нӕ.
Рагӕй цӕттӕ у, паддзах кӕм басудздзӕн, уыцы бынат; арф ӕмӕ уӕрӕх у уый, бирӕ цӕхӕр, бирӕ суг ис йӕ мидӕг. Дунедарӕджы раулӕфтӕй ныггуыпп кӕндзӕни, цыма йыл сондон ӕркалдӕуыд, уыйау.
Едомӕн йӕ дӕттӕ фестдзысты писи, йӕ мӕр — сондон. Афтӕмӕй йӕ зӕхх иууылдӕр фестдзӕни судзгӕ писи,
Раст-ма, раст, Йерусалимы чызг, слӕуу дӕ къӕхтыл! Дунедарӕг дын радта Йӕ фыдӕхы нуазӕн. Ануӕзтай йӕ ӕмӕ, цудтытӕгӕнгӕ, фӕцӕйцыдтӕ дӕ адзалы фӕндагыл.
Зӕгъ сын: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: нуазгӕ кӕнут ӕмӕ ныррасыг ут, сбухъ кӕнут ӕмӕ ахаут зӕххыл, кӕй уӕм ӕрвитын, уыцы карды раз уӕ бон сыстын куыннӕуал суа, афтӕ!»
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Кӕд, масты кӕхцӕй нуазыны аккаг чи нӕ уыди, уыдон дӕр дзы нуаздзысты, уӕд ды, ау, ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзынӕ? Ницы хуызы. Масты кӕхц иууылдӕр бануаздзынӕ ӕнӕмӕнг!
«Ӕз ын йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ куырыхонты, бӕстӕйы зылдты ӕмӕ сахарты хицӕутты, стӕй йӕ хӕстонты ныррасыг кӕндзынӕн, ӕнусон фынӕй бауыдзысты ӕмӕ никуыуал райхъал уыдзысты, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг».
Цин кӕн, Едомы чызг, Уцы бӕстӕйы цӕрӕг! Фӕлӕ ды дӕр ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзынӕ! Ныррасыг уыдзынӕ, дӕ худинаг раргом кӕндзынӕ!
Уӕд алы адӕймаг дӕр фендзӕн, уыцы ӕнӕахуысгӕ арт, Ӕз, Дунедарӕг, кӕй ссыгътон, уый“».
Ӕз ӕй бафхӕрдзынӕн емынӕйӕ ӕмӕ тугныккалдӕй. Йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йын йе ’рдонгтыл дӕр, стӕй ма ноджыдӕр — йемӕ чи рацыд, йӕ уыцы бирӕ адӕмтыл дӕр ныккалдзынӕн хъаймӕты тыгъдызӕй, их дуртӕ ӕмӕ судзгӕ сондон.
Уымӕй дӕхи не скадджын кӕндзынӕ, — фегад уыдзынӕ! Уӕдӕ ныр дӕхӕдӕг дӕр бануаз ӕмӕ дзой-дзой кӕн! Дунедарӕджы рахиз къухы цы кӕхц ис, уый дӕумӕ дӕр бахӕццӕ уыдзӕн, ӕмӕ худинаджы бын фӕуыдзынӕ!
Йесо сын загъта: «Цы курут, уый уӕхӕдӕг дӕр не ’мбарут. Ӕз цы хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуаздзынӕн, уымӕй бануазын [кӕнӕ Ӕз кӕй исын, ахӕм аргъуыд райсын] суыдзӕни уӕ бон?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Суыдзӕн».
Уӕд, Йӕ галиуфарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм.
Йӕхӕдӕг иу чысыл ӕддӕдӕр ацыд, зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд гӕнӕн ис, уӕд Мӕ ацы хъизӕмӕртты кӕхцӕй бахиз. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».
Ацы ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджын фӕлтӕры раз, Мӕн кӕй зоны ӕмӕ мӕ ныхӕстыл Кӕй ӕууӕнды, уый ӕгад кӕмӕ фӕкӕса, уымӕй „мӕ ахуыргӕнинаг у“ зӕгъын Адӕймаджы Фыртмӕ дӕр ӕгад фӕкӕсдзӕн, Йӕ Фыды кадимӕ куы ’рцӕуа сыгъдӕг зӕдтимӕ, уӕд».
[Уым сӕ къуыдыргалм нӕ мӕлы, ӕмӕ дзы арт нӕ хуыссы.]
Уыдон загътой: «Сӕдӕйыхицау Корнелий раст адӕймаг у, тӕрсы Хуыцауӕй, ӕппӕт иудейаг адӕм ӕй нымайынц. Сыгъдӕг зӕд ын бафӕдзӕхста дӕу йӕ хӕдзармӕ ӕрхонын ӕмӕ дын дӕ ныхӕстӕм байхъусын».
ӕнӕхъӕн бӕстӕйы бынаты сондон, цӕхх ӕмӕ сыгъдон уынгӕйӕ, садзгӕ дӕр кӕм ницыуал кӕндзысты ӕмӕ зайгӕ дӕр кӕм ницыуал ӕркӕндзӕн, раст, Дунедарӕг Йӕ фыр мӕстӕй кӕй бабын кодта, уыцы Содом ӕмӕ Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы сахартау.
Сымахӕн та, ныр зын уавӕры чи ис, уыдонӕн, махимӕ иумӕ удӕнцой ратдзӕнис, Бардарӕг Йесо Йӕ хъомысджын зӕдтимӕ пиллонкалгӕ арты мидӕг уӕлӕрвтӕй куы ’рцӕуа, уӕд.
Уыдонау Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылай сахартӕ дӕр кӕй хаттысты ӕмӕ фехӕлдысты, ӕмӕ уый тыххӕй мыггагмӕйы арты кӕй судзынц, уый алкӕмӕн дӕр у зонды хос.
Цыппар уӕларвон удгоймагӕй иу ацы авд зӕдмӕ радта авд сыгъзӕрин кӕхцы, уыдон та йемыдзаг уыдысты, мыггагӕй-мыггагмӕ цардӕгас Чи у, уыцы Хуыцауы фыдӕхӕй.
Стыр сахар ӕртӕ дихы фӕци, ӕмӕ муртаттӕгты сахартӕ бабын сты. Хуыцауӕй нӕ ферох стыр Вавилон, ӕмӕ йын бадардта Йе стыр фыдӕхы сӕны кӕхцӕй.
Зӕххон паддзӕхтӕ хъахбай митӕ кодтой йемӕ, зӕххон сӕудӕджертӕ схъӕздыг сты йӕ бирӕ исбонӕй».
Йӕхӕдӕг куыд ӕфхӕрдта, афтӕ йӕ бафхӕрут. Цытӕ фӕкодта, уыдӕттӕ йын бафидут дывӕрӕй. Сӕн-иу цы кӕхцы ныккодта, уым ын дыууӕ хатты карздӕр сӕн ӕркӕнут.
Йӕ дзыхӕй зынди цыргъ цирхъ адӕмты цӕгъдынӕн. Уый сӕ хиздзӕнис ӕфсӕн лӕдзӕгӕй; сӕндуцӕны Йӕ къӕхтӕй лӕмары сӕнӕфсир — Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы стыр фыдӕхы сӕн.
Ӕмӕ ӕрцахстӕуыди сырды, стӕй, сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, стӕй, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыди судзгӕ сондоны цады.
Чи сӕ сайдта, уыцы хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.
Мӕлӕт ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты судзгӕ цадмӕ. Уый у дыккаг мӕлӕт — судзгӕ цад.
Нӕуӕндӕгтӕн ӕмӕ ӕцӕгадыл гадзрахатӕй рацӕуджытӕн, ӕнӕуагтӕн ӕмӕ лӕгмартӕн, хӕлд адӕмӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕн ӕмӕ ӕппӕт фӕлитойтӕн та сӕ бынат ис судзгӕ сондоны цады. Уый у дыккаг мӕлӕт».