Ӕргомад 13:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст5 Сырдӕн лӕвӕрд ӕрцыд ӕвзаг схъӕл ныхӕстӕ кӕнынӕн ӕмӕ Хуыцауы фауынӕн, лӕвӕрд ын ӕрцыди дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз мӕйы дӕргъы ӕлдариуӕг кӕныны бар. Faic an caibideil |
Цӕгаты паддзах раздӕрау, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, тынг схъал уыдзӕн ӕмӕ йӕхи хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн. Хуыцӕутты Хуыцауы ныхмӕ ӕвирхъау фауӕн ныхӕстӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын, цалынмӕ уыцы уӕззау заманӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ, рагацау цы снысан чындӕуыд, уыдӕттӕ хъуамӕ иууылдӕр сӕххӕст уой.