Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 13:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Фыццаг сырды номӕй йын цы диссӕгтӕ ӕвдисыны бар лӕвӕрд ӕрцыд, уыдонӕй фӕливы зӕххон цӕрджыты, дзуры сын, цӕмӕй, кардӕй цӕф чи уыд ӕмӕ ныр удӕгас чи у, уыцы сырды кадӕн саразой йӕ сурӕт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 13:14
29 Iomraidhean Croise  

Исайа загъта: «Ӕрбахӕссӕнт легъуийы хус цъар, йӕ хӕфдзастыл ын ӕй ӕрӕвӕрӕнт, ӕмӕ уӕд сдзӕбӕх уыдзӕн».


Ӕз ацы сахарыл цы фыдбылыз ӕруадздзынӕн, уый дӕ цӕстӕй нӕ фендзынӕ. Ӕнцад ралӕудзӕни дӕ царды кӕрон, фарнимӕ дӕ бавӕрдзысты зӕппадзы“». Паддзахыл сӕмбӕлын кодтой ацы дзуапп.


Уый Йын дзуапп радта: „Ӕз йе ’ппӕт пехуымпарты дзыхы фӕливӕг мон фестдзынӕн“. Ӕмӕ йын уӕд Дунедарӕг загъта: „О, бантысдзӕн дын, самидин ӕй кӕндзынӕ. Ацу ӕмӕ афтӕ бакӕн“.


Хъомыс дӕр ӕмӕ уӕлзонд дӕр Уымӕ сты, сайӕг дӕр ӕмӕ сайд кӕуыл ӕрцыд — дыууӕ дӕр Йӕ бар сты.


Уӕд фараон фӕсидти йӕ куырыхонтӕм ӕмӕ йӕ кӕлӕнгӕнджытӕм, ӕмӕ Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ дӕр хин ӕмӕ кӕлӕны руаджы афтӕ бакодтой:


Раст цыма, дымгӕ цы рыг систа, уый фӕсте суры ӕмӕ йӕ ӕрцахсынмӕ хъавы. Йе ’дылы зондӕй йӕ фӕндагӕй адзӕгъӕл ис. Куыд фервӕза, уый нӕ зоны, ӕмӕ йӕ бон нӕу зӕгъын: «Уый мӕ къухы ӕцӕгдзинадӕй куы ницы ис!»


Пехуымпар сайды куы фӕуа, ӕмӕ йын цыма Ӕз, Дунедарӕг, афтӕ бацамыдтон, уыйау уыцы адӕймагӕн исты куы зӕгъа, уӕд пехуымпармӕ дӕр Мӕ къух сисдзынӕн, Мӕ адӕмы, Израилы ’хсӕнӕй йӕ фесафдзынӕн.


Ды райстай, Ӕз дын кӕй радтон, уыцы фӕлындӕнтӕ, Мӕ сыгъзӕрин ӕмӕ Ме ’взистӕй конд, дӕхицӕн дзы скодтай нӕлгоймаджы сурӕттӕ ӕмӕ хъахбай митӕ кодтай семӕ.


Ӕз бацыдтӕн ӕмӕ къултыл федтон алы хилӕгойты ӕмӕ ӕлгъаг цӕрӕгойты нывтӕ, стӕй, Израилы адӕм кӕмӕ куывтой, уыцы алыхуызон гуымирыты нывтӕ.


Цӕгаты паддзах раздӕрау, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, тынг схъал уыдзӕн ӕмӕ йӕхи хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн. Хуыцӕутты Хуыцауы ныхмӕ ӕвирхъау фауӕн ныхӕстӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын, цалынмӕ уыцы уӕззау заманӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ, рагацау цы снысан чындӕуыд, уыдӕттӕ хъуамӕ иууылдӕр сӕххӕст уой.


Уый йӕхи, хуыцаугондыл кӕнӕ табуйагыл цыдӕриддӕр нымадӕуы, уыдонӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн ӕмӕ сӕ ныхмӕ сыстдзӕни. Суанг Хуыцауы Кувӕндоны ӕрбаддзӕн ӕмӕ йӕхи расиддзӕни Хуыцауӕй.


Ӕмӕ стыр залым, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан кӕй хонынц, ӕппӕт дуне чи фӕливы, уыцы рагон калм, ӕппӕрст ӕрцыд йӕ бынатӕй. Йемӕ йын зӕхмӕ раппӕрстӕуыд йӕ зӕдты дӕр.


Ӕз лӕууыдтӕн денджызы был змисыл ӕмӕ федтон денджызӕй рацӕйцӕугӕ сырды. Уыдис ын дӕс сыкъайы ӕмӕ авд сӕры; йӕ сыкъатыл уыди дӕс кады худы, йӕ сӕртыл та — Хуыцауы фауӕн нӕмттӕ.


Ӕмӕ йын лӕвӕрд уыди фыццаг сырды сурӕты цард бауадзыны тых, сырды сурӕт дзыхӕй куыд сдзура ӕмӕ йӕм чи нӕ кувы, уыдонӕн се ’ппӕты дӕр куыд марын кӕна, афтӕ.


Ӕмӕ йӕм бакувдзысты, дуне сфӕлдисыны размӕ нывондӕн нысангонд Чи ӕрцыд, уыцы Уӕрыкмӕ царды чиныджы сӕ нӕмттӕ фыст кӕмӕн не сты, уыцы зӕххон цӕрджытӕ иууылдӕр.


Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йын йӕ номы нысан чи сӕвӕрдта, уыдонӕн сӕ хъизӕмарӕй марӕг арты фӕздӕг цӕудзӕни мыггагӕй-мыггагмӕ, ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнцой нӕ зондзысты».


Дыууӕ зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕртыккаг зӕд дӕр ӕмӕ хъӕрӕй дзырдта: «Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йӕ тӕрныхыл кӕнӕ йӕ къухыл нысан чи сӕвӕрдта,


Ӕмӕ ӕз федтон артимӕ хӕццӕ авджын денджызау цыдӕр. Сырдыл, йӕ сурӕтыл, йӕ номы нымӕцыл чи фӕтых, уыцы адӕм Хуыцауы фӕндыртимӕ лӕууынц авджын денджызыл


Ӕмӕ залиаг калмы дзыхӕй, сырды дзыхӕй ӕмӕ мӕнгпехуымпары дзыхӕй ӕз рацӕугӕ федтон, галхӕфсыты хуызӕн чи уыд, ахӕм ӕртӕ ӕнӕзӕгъинаджы, —


Ацыд фыццаг зӕд ӕмӕ йӕ кӕхц ракалдта зӕхмӕ, ӕмӕ, сырды нысан кӕуыл уыд ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыцы адӕмыл фӕзынд ӕвирхъау риссаг хӕфдзӕстытӕ.


нал дын ссудздзысты дӕ рухсгӕнӕнтӕ, нал дӕ хъуысдзӕн усгур лӕппу ӕмӕ чындздзон чызджы хъӕлӕс. Дӕ сӕудӕджертӕ дунейы гуыппырсартӕ уыдысты, дӕ кӕлӕнтӕй ӕппӕт адӕмты асайдтай.


Ӕмӕ ӕрцахстӕуыди сырды, стӕй, сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, стӕй, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыди судзгӕ сондоны цады.


Цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕни дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр-иу баззай иузӕрдионӕй, ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.


Чи сӕ сайдта, уыцы хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.


Мӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, фӕразон кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ Ӕз бахиздзынӕн, зӕххон цӕрджыты бафӕлварынӕн ӕппӕт дунейы цы фыдӕвзарӕн рӕстӕг уыдзӕн, уымӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan