Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 12:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 фӕлӕ сыл нӕ фӕуӕлахиз сты, ӕмӕ сын уӕларвы бынат нал уыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 12:8
18 Iomraidhean Croise  

Чи йӕ федта, уый йӕ никуыуал фендзӕн, цы ран уыди, уым никуыуал фӕзындзӕн.


Йӕ хӕдзармӕ нал раздӕхдзӕн, йӕ райгуырӕн уӕзӕг ӕй нал фендзӕни.


фӕлӕ йӕ сыскъуын йӕ бынатӕй, уӕд ыл йӕ бынат дӕр йӕ къух ауигъдзӕн, ам дӕ уынгӕ дӕр никуы фӕкодтон, зӕгъгӕ.


Дунедарӕг! Фехъус мын мӕ хъӕлӕс, ӕрыхъус мын мӕ куывдмӕ.


Ау, не ’рӕмбардзысты фыдгӕнджытӕ, мӕ адӕмы мын дзулы хӕрд чи кӕны ӕмӕ Дунедарӕджы чи нӕ агуры, уыдон?


О Дунедарӕг, зоныс мын мӕ бӕллицтӕ, мӕ иу сулӕфт дӕр сусӕг нӕу Дӕуӕй.


Уыдон тох кӕндзысты дӕ ныхмӕ, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ арм дыл дардзынӕн».


Ау, хъуамӕ сымах ма тӕрсат Мӕнӕй? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, фыр тӕссӕй Мӕ разы хъуамӕ ма ризат? Ӕз денджызӕн змисӕй скодтон ӕнусон арӕн, ӕмӕ денджызӕн нӕй ахизӕн йӕ сӕрты. Ныййарц вӕййынц уылӕнтӕ, фӕлӕ сӕ бон нӕу арӕныл фӕуӕлахиз уӕвын, сабухынц, фӕлӕ арӕны сӕрты сӕ бон ахизын нӕу.


Зӕгъын дын: ды дӕ Петр, ӕмӕ ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты.


цӕмӕй, чи йӕ ныууагъта ӕмӕ йе ’цӕг дунемӕ чи ацыд, уыцы Иудӕйы бӕсты суа Дӕ апостол».


Йӕ кад чи нӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ йӕ цӕрӕн бынат чи ныууагъта, уыцы зӕдты Уый стыр Тӕрхоны бонмӕ ӕнусон талынджы рӕхысбастӕй дары.


Уыдон ыл фӕуӕлахиз сты Уӕрыччы тугӕй, се ’вдисӕнады ныхасӕй, кастысты мӕлӕты дзыхмӕ, фӕлӕ сӕ цард ӕвгъау нӕ кодтой.


Ӕмӕ уӕларвы уыди хӕст — Михаел ӕмӕ йӕ зӕдтӕ хӕцыдысты залымимӕ, залым ӕмӕ йӕ зӕдтӕ дӕр хӕцыдысты сӕ ныхмӕ,


Ӕмӕ стыр залым, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан кӕй хонынц, ӕппӕт дуне чи фӕливы, уыцы рагон калм, ӕппӕрст ӕрцыд йӕ бынатӕй. Йемӕ йын зӕхмӕ раппӕрстӕуыд йӕ зӕдты дӕр.


Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan