7 Ӕмӕ уӕларвы уыди хӕст — Михаел ӕмӕ йӕ зӕдтӕ хӕцыдысты залымимӕ, залым ӕмӕ йӕ зӕдтӕ дӕр хӕцыдысты сӕ ныхмӕ,
Уӕлӕрвты кардӕлвӕстӕй лӕууы Дунедарӕг, тӕрхон кӕнынмӕ ӕрхиздзӕн Едоммӕ, Йӕ азары амӕттаг бакӕнинаг кӕй у, уыцы адӕммӕ.
Адӕмты раз Ӕз Мӕ цагъары скодтон Ме ’вдисӕн, адӕмтӕн — фӕтӕг ӕмӕ зондамонӕг.
Ӕз раздӕр дӕр фӕзындаин, фӕлӕ Персы хъахъхъӕнӕг зӕд иу ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы хӕцыди мӕ ныхмӕ. Персы паддзӕхты ныхмӕ хӕцгӕйӕ, иунӕгӕй куы аззадтӕн, уӕд мӕм ӕххуысмӕ фӕзынди Михаел, уӕлдӕр хъахъхъӕнӕг зӕдтӕй иу.
Уыцы рӕстӕджы фӕзындзӕни хъомысджын хицау Михаел ӕмӕ дӕ адӕмы сӕрыл растдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕнис, адӕмы сфӕлдыстӕй абоны онг чи нӕма ’рцыди, ахӕм фыдӕвзарӕн дуг. Уыцы заман дӕ адӕмӕй царды чиныджы фыст чи разына, уыдон иууылдӕр фервӕздзысты.
Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕни Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын уыдон Йӕ Паддзахадӕй, йӕхӕдӕг тӕригъӕдджын чи уыди ӕмӕ ма искӕй дӕр тӕригъӕды фӕндагыл чи ардыдта, уыдоны иууылдӕр айсдзысты
Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕни Йӕ Фыды кадимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ратдзӕни.
Сыкъауадындз хъӕрӕй ныууасдзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕн Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын Йе ’взӕрстыты алы рӕттӕй ӕрӕмбырд кӕндзысты — арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ.
Уӕд, Йӕ галиуфарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм.
Ӕви афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ, ныртӕккӕ Мӕ Фыдӕй куы ракурин, уӕд Мын Уый дыууадӕс легионӕй фылдӕр зӕдтӕ нӕ рарвитид?
Ӕмӕ мын Хуыцау цы раргом кодта, ӕппӕт уыдӕттӕй мӕхиуыл куыд нӕ фервӕссон, уый тыххӕй мӕ буары фӕцавдӕуыд фат — сайтаны зӕд; уый мӕ мары тухӕнӕй, цӕмӕй мӕхиуыл ма фервӕссон.
Уымӕн ӕмӕ нӕ тох адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ ӕнӕбуар хицӕуттӕ ӕмӕ барджынты ныхмӕ, ацы талынг дунейы ӕлдӕртты ныхмӕ, уӕлдӕфы чи ис, уыцы фыдӕххӕссӕг монты ныхмӕ.
Сымахӕн та, ныр зын уавӕры чи ис, уыдонӕн, махимӕ иумӕ удӕнцой ратдзӕнис, Бардарӕг Йесо Йӕ хъомысджын зӕдтимӕ пиллонкалгӕ арты мидӕг уӕлӕрвтӕй куы ’рцӕуа, уӕд.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау, ӕппӕт дӕр Кӕмӕн у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Кӕмӕй рацыд, Йӕ хъӕбултӕй бирӕтӕм Йӕ кады Чи раргом вӕййы, Уый хъуамӕ алцӕмӕй дӕр скодтаид ӕххӕст сӕ ирвӕзындзинады Фӕтӕджы, хъизӕмӕрттӕ Йын бавзарын кӕнгӕйӕ.
Тӕригъӕды чи бацыди, суанг уыцы зӕдтыл дӕр нӕ бацауӕрста Хуыцау, ныппӕрста сӕ зындонмӕ ӕмӕ сӕ Тӕрхоны бонмӕ талынджы дары рӕхыстӕй бастӕй;
Стырзӕд Михаел Моисейы буары тыххӕй хӕйрӕгимӕ куы фӕбыцӕу ис, уӕд тӕрхоны бар йӕхимӕ нӕ райста, ӕфхӕрӕн ныхас ӕм не скодта, ӕрмӕстдӕр ын загъта: «Хуыцау дын Йӕхӕдӕг бауайдзӕф кӕнӕд!»
фӕлӕ сыл нӕ фӕуӕлахиз сты, ӕмӕ сын уӕларвы бынат нал уыд.
Ӕмӕ стыр залым, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан кӕй хонынц, ӕппӕт дуне чи фӕливы, уыцы рагон калм, ӕппӕрст ӕрцыд йӕ бынатӕй. Йемӕ йын зӕхмӕ раппӕрстӕуыд йӕ зӕдты дӕр.
Лӕвӕрд ын уыди сыгъдӕджытимӕ схӕцыны ӕмӕ уыдоны басӕттыны тых. Ноджы ма йын лӕвӕрд ӕрцыд алы мыггаг ӕмӕ адӕмыл, алы ӕвзаг ӕмӕ адӕмыхаттыл ӕлдариуӕг кӕныны бар.
Уый ӕрцахста, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан чи у, уыцы рагон залиаг калмы, сбаста йӕ мин азы ӕмгъуыдмӕ