Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 12:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Сылгоймаг ныййардта, ӕппӕт адӕмты ӕфсӕн лӕдзӕгӕй чи хиздзӕн, ахӕм лӕппу. Ӕмӕ сывӕллон ист ӕрцыд Хуыцаумӕ, Хуыцауы паддзахы бадӕн кӕм ис, уырдӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 12:5
14 Iomraidhean Croise  

Ӕнхъӕлцау сылгоймаг куыд хъуамӕ ныййара йӕ сабийы, удхар куынӕ бавзара, уӕд? Чи кӕд фехъуыста кӕнӕ федта ахӕм хабар? Кӕннод иу бонмӕ кӕд фӕзынди иставӕр бӕстӕ ӕмӕ ӕваст кӕд айдзаг ис адӕмӕй? Фӕлӕ Сион, куыддӕр йӕ арын афон ралӕууыд, афтӕ йӕ фыртты ныридӕгӕн ныййардта.


Уӕдӕ уын Бардарӕг Йӕхӕдӕг фенын кӕндзӕн ӕвдисӕйнаг: Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ Фырт ныййардзӕн, схондзӕн Ӕй Эммануил.


Кӕдмӕ рахау-бахау кӕндзынӕ, гадзрахатӕй рацӕуӕг чызг! Дунедарӕг зӕххыл, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хъуыддаг сараздзӕн: ус ногӕй уыдзӕни йӕ мойы раз.


Уымӕ гӕсгӕ сӕ ныууадздзӕнис рӕстӕгмӕ, цалынмӕ, ӕнхъӕлцау Чи у, уый ныййара, уӕдмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ, израилӕгты ’фсымӕртӕй ма чи аирвӕза, уыдон сӕм фӕстӕмӕ раздӕхдзысты.


Ӕмӕ йӕм ӕмгӕрон не ’рцыд, афтӕмӕй Мариа ныййардта Фырт, ӕмӕ Йӕ Йосиф схуыдта Йесо.


Уыдӕттӕ зӕгъыны фӕстӕ Бардарӕг Йесо уӕларвмӕ Йӕхи систа ӕмӕ уым Хуыцауы рахизфарс ӕрбадти.


Ӕз зонын иу чырыстон адӕймаджы. Цыппӕрдӕс азы размӕ йӕ, — нӕ зонын, йӕ буары уыд ӕви нӕ, Хуыцау ӕй зоны, — систӕуыд ӕртыккаг уӕларвмӕ.


систӕуыди дзӕнӕтмӕ ӕмӕ фехъуыста, ӕвзагыл чи нӕ бады ӕмӕ адӕймаг кӕй хъуамӕ басусӕг кӕна, ахӕм ныхӕстӕ.


Сӕ дыууӕ дӕр фехъуыстой, уӕларвӕй сын хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Ссӕут ардӕм». Уыдон ӕврагъы фӕцыдысты уӕларвмӕ, ӕмӕ уый федтой се знӕгтӕ.


Зӕхмӕ йӕ кӕй раппӕрстӕуыд, залым уый куы бамбӕрста, уӕд зилын райдыдта, лӕппу кӕмӕн райгуырд, уыцы сылгоймаджы фӕдыл.


Уый уыди сывӕрджын ӕмӕ хъӕр кодта фыр рыстӕй, уымӕн ӕмӕ ралӕууыдысты йӕ арыны хъизӕмӕрттӕ.


Йӕ дзыхӕй зынди цыргъ цирхъ адӕмты цӕгъдынӕн. Уый сӕ хиздзӕнис ӕфсӕн лӕдзӕгӕй; сӕндуцӕны Йӕ къӕхтӕй лӕмары сӕнӕфсир — Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы стыр фыдӕхы сӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan