Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 12:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уый йӕ къӕдзилӕй расӕрфта стъалыты ӕртыццаг хай арвӕй ӕмӕ сӕ ӕркалдта зӕхмӕ. Залым лӕууыди арӕг сылгоймаджы уӕлхъус, цӕмӕй йын йӕ сывӕллоны, куыддӕр ӕй ныййара, афтӕ аныхъуыра.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 12:4
22 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Дзуттаг сылгоймӕгтӕй ӕвгъӕдгӕс кӕмӕн уат, уыдонӕн-иу сӕ лӕппуты амарут, чызджытӕ та цӕрӕнт».


Уыцы бон Дунедарӕг Йӕ уӕззау, стыр ӕмӕ ӕгъатыр кард ӕруадздзӕн йӕ сӕр ӕфснайынмӕ тындзӕг Левиафаныл, ратас-батасгӕнӕг залымыл — амардзӕни Левиафаны.


Уӕ фыд хӕйрӕг у, ӕмӕ, уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый кӕнын уӕ фӕнды. Уый райдианӕй уыди лӕгмар, ӕмӕ йын ӕцӕгадимӕ иумӕйагӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ йӕм нӕй ӕцӕгад. Уый мӕнг куы фӕзӕгъы, уӕд йӕ кӕнон кӕны, уымӕн ӕмӕ у мӕнгард ӕмӕ мӕнгдзинады фыд.


Ут къӕрцхъус ӕмӕ уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ уӕ фыдгул, хӕйрӕг, цӕуы богътӕгӕнӕг домбайау ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, ахӕмты.


Ӕмӕ уӕларвы уыди хӕст — Михаел ӕмӕ йӕ зӕдтӕ хӕцыдысты залымимӕ, залым ӕмӕ йӕ зӕдтӕ дӕр хӕцыдысты сӕ ныхмӕ,


Ӕмӕ стыр залым, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан кӕй хонынц, ӕппӕт дуне чи фӕливы, уыцы рагон калм, ӕппӕрст ӕрцыд йӕ бынатӕй. Йемӕ йын зӕхмӕ раппӕрстӕуыд йӕ зӕдты дӕр.


Кӕй федтон, уыцы сырд уыди фыранчы хуызӕн, йӕ дзӕмбытӕ — арсы дзӕмбытау, йӕ дзых — домбайы дзыхау. Залиаг калм ын радта йӕ тых, йӕ паддзахы бынат ӕмӕ стыр бартӕ.


Бакуывтой сырдӕн дӕр ӕмӕ дзырдтой: «Ацы сырдӕн ӕмбал нӕй, кӕй бон бауыдзӕн йемӕ тохы бацӕуын!»


Ӕмӕ залиаг калмы дзыхӕй, сырды дзыхӕй ӕмӕ мӕнгпехуымпары дзыхӕй ӕз рацӕугӕ федтон, галхӕфсыты хуызӕн чи уыд, ахӕм ӕртӕ ӕнӕзӕгъинаджы, —


Ды цы сылгоймаджы федтай, уый та у, зӕххон паддзӕхтыл ӕлдариуӕг чи кӕны, уыцы стыр сахар».


Уый ӕрцахста, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан чи у, уыцы рагон залиаг калмы, сбаста йӕ мин азы ӕмгъуыдмӕ


Ӕртыккаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ арвӕй судзгӕ цырагъау рахауди стыр стъалы, цӕугӕдӕтты ӕртыццаг хайы ӕмӕ суадӕтты ныххауди.


Уыцы стъалыйы ном у Скъӕлдзой. Цӕугӕдӕтты ӕртыццаг хай скъӕлдзойау смаст ис, ӕмӕ уыцы маст донӕй бирӕ адӕм фӕцагъды сты.


Цыппӕрӕм зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ хуры ӕртыццаг хай, мӕйы ӕртыццаг хай, стӕй стъалыты ӕртыццаг хай ныттар ис. Сӕ рухс афтӕ бамынӕг, ӕмӕ боны, стӕй ӕхсӕвы ӕртыццаг хай дӕр уыди талынг.


Фыццаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ зӕххыл ныууарыдысты их ӕмӕ арт тугӕмхӕццӕйӕ. Басыгъд зӕххы ӕртыццаг хай, басыгъд бӕлӕсты ӕртыццаг хай, басыгъд цъӕх кӕрдӕг ӕгасӕй дӕр.


Дыккаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ стыр хохы хуызӕн цыдӕр, пиллон арт уадзгӕйӕ, денджызы ныххауди, ӕмӕ денджызы ӕртыццаг хай туг фестад.


Денджызы удӕгасӕй цы уыд, уыдонӕн амард се ’ртыццаг хай, бабын ис науты ӕртыццаг хай.


Мӕтыхты къӕдзилтӕ ӕмӕ сӕ марг фатӕвзӕгтӕ уыдысты къӕдздымты ӕнгӕс, ӕмӕ сӕм уыд адӕмӕн фондз мӕйы дӕргъы знаггад кӕныны тых.


Уымӕн ӕмӕ бӕхтӕн сӕ хъару уыди сӕ комы ӕмӕ сӕ къӕдзилты. Сӕ къӕдзилтӕ та уыдысты кӕлмыты ӕнгӕс, уыди сын сӕртӕ, ӕмӕ уыцы сӕртӕй знаггад кодтой адӕмӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan