Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 12:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Уӕдӕ райут, уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрджытӕ! Додой сӕ сӕр кӕны зӕхх ӕмӕ денджызӕн! Ӕрхызти уӕм хӕйрӕг мӕстӕлгъӕдӕй, бирӕ рӕстӕг ын кӕй нал ис, уый зонгӕйӕ!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 12:12
18 Iomraidhean Croise  

Цингӕнгӕ зарут, уӕлӕрвтӕ! Цинхъӕр кӕнут, зӕххы ӕрфытӕ, фӕзмӕнт уӕ, заргӕ, хӕхтӕ ӕмӕ хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ссӕрибар кодта Йаковы байзӕддаджы, Израилы руаджы Йӕхи ӕргом кӕны, тӕмӕнкалгӕ.


Цин кӕн, уӕларв! Цинӕй рай, зӕхх! Цинхъӕр кӕнут, хӕхтӕ! Дунедарӕг барӕвдыдта Йӕ удхайраг адӕмы, батӕригъӕд сын кодта.


Зӕгъын уын, раст афтӕ фӕцин кӕнынц Хуыцауы зӕдтӕ иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй дӕр».


«Кад Хуыцауӕн бӕрзӕндты, зӕххыл та фарнимӕ уӕнт, Хуыцау кӕуыл ауды, уыдон!»


Уымӕн ӕмӕ «бирӕ нал хъӕуы, хӕрз гыццыл рӕстӕг ма, ӕмӕ, ӕрцӕуинаг Чи у, Уый ӕрцӕудзӕн, нӕ бафӕстиат уыдзӕн.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, иу хъуыддаг сымахӕн хъуамӕ сусӕг ма уа: Бардарӕгӕн иу бон мин азы хуызӕн у, мин азы та — иу боны хуызӕн.


ӕмӕ расомы кодта, мыггагӕй-мыггагмӕ Цардӕгас Чи у, Уымӕй — арв ӕмӕ, арвыл цы ис, зӕхх ӕмӕ, зӕххыл цы ис, денджыз ӕмӕ, денджызы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ Сфӕлдисӕгӕй: «Ӕрцӕуинаг цы у, уый нӕ бафӕстиат уыдзӕн».


Зӕххыл цӕрджытӕн уый уыдзӕн цины бӕрӕгбон, кӕрӕдзийӕн ӕрвитдзысты лӕвӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ сын уыцы дыууӕ пехуымпары уыдысты удхары хос.


Дыккаг бӕллӕх ахицӕн. Рӕхджы ӕрбахӕццӕ уыдзӕн ӕртыккаг бӕллӕх.


Ӕмӕ стыр залым, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан кӕй хонынц, ӕппӕт дуне чи фӕливы, уыцы рагон калм, ӕппӕрст ӕрцыд йӕ бынатӕй. Йемӕ йын зӕхмӕ раппӕрстӕуыд йӕ зӕдты дӕр.


Сырд байгом кодта йӕ дзых Хуыцауы рафауынмӕ, фаудта Йын Йӕ ном, Йӕ цӕрӕн бынат ӕмӕ уӕларвон цӕрджыты.


Цин кӕнут уый тыххӕй, уӕлӕрвтӕ! Цин кӕнут, сыгъдӕджытӕ, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ, уымӕн ӕмӕ уын уый цы тӕрхон рахаста, ахӕм тӕрхон ын рахаста Хуыцау.


Ӕз федтон иу цӕргӕсы уӕлиӕутты тӕхгӕ ӕмӕ фехъуыстон, хъӕрӕй цы дзырдта, уый: «Сыкъауадындзтӕй ма цы ӕртӕ зӕды ныууасдзысты, уыдоны уастӕй бӕллӕх, бӕллӕх, бӕллӕх ӕрцӕудзӕн зӕххон цӕрджытыл!»


Ахицӕн иу бӕллӕх, ӕмӕ ма йӕ фӕстӕ ноджыдӕр ӕрбацӕуы дыууӕ бӕллӕхы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan