Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 11:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Искӕй уыдонӕн фыдбылыз ракӕнын куы бафӕнда, уӕд сӕ комӕй рацӕудзӕн арт ӕмӕ сын се знӕгты аныхъуырдзӕн. Афтӕ амӕлдзӕн, уыдонӕн фыдбылыз ракӕнын кӕй бафӕнда, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 11:5
13 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы Ӕгъдау алцӕмӕй дӕр ӕххӕст ӕмӕ царддӕттӕг у. Йӕ уагӕвӕрдтӕ раст сты, ӕнӕхинӕн уӕлзонд дӕттынц.


Мӕгуыр адӕмӕн раст тӕрхон кӕндзӕн, зӕххыл цӕрӕг ӕфхӕрд адӕмӕн сӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзардзӕни рӕстӕй. Йӕ дзырды цӕфӕй стӕрхон кӕндзӕн зӕххӕн, фыдгӕнӕджы Йӕ раулӕфтӕй фесафдзӕн!


Абон дӕ Ӕз адӕмтӕ ӕмӕ паддзахӕдтӕй фӕуӕлдӕр кодтон, цӕмӕй ӕд уидаг тонай ӕмӕ сафай, дӕрӕн ӕмӕ афтид кӕнай, аразай ӕмӕ тауай».


Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕгъы: «Афтӕ кӕй дзурынц, уый тыххӕй Ӕз Мӕ ныхӕстӕ арт фестын кӕндзынӕн дӕ дзыхы, ацы адӕм та фестдзысты сугтӕ, ӕмӕ сӕ уыцы арт аныхъуырдзӕн.


Ацы цӕстылуайӕн дӕр уыди, Кевары доны цур, стӕй ма иу хатт дӕр кӕй федтон, ахӕм. Ӕмӕ ныддӕлгом дӕн зӕххыл.


Уый аххосӕй уӕ Ӕз Мӕ пехуымпарты дзыхӕй цавтон, Мӕ дзыхы дзырдӕй уӕ мардтон. Хурыскастау ссыгъди уӕ сӕрмӕ Мӕ тӕрхон.


Фӕлӕ Мӕ лӕггадгӕнджытӕн, Мӕ пехуымпартӕн, Ӕз цы ныхӕстӕ ӕмӕ цы уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхстон, уыдон уӕ фыдӕлты нӕ баййӕфтой ӕцӕг? Ӕмӕ Мӕм уӕд раздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг нын, нӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цӕй аккаг уыдыстӕм, уый бакодта“».


Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: хӕлӕттаг уӕ чи фӕкодта, уыцы адӕмтӕм Мӕ Уый рарвыста Йӕ кадӕн, уымӕн ӕмӕ, сымахыл чи ӕндзӕвы, уый Йӕ цӕсты гагуыйыл андзӕвы:


Ӕвдисы стыр диссӕгтӕ, адӕмы цӕсты раз арвӕй зӕхмӕ ӕруадзы арт.


Мӕнӕн равдыстӕуыд бӕхты сӕ барджытимӕ, ӕмӕ сӕ федтон ахӕм хуызы: барджытыл уыди зынгхуыз, сапфирау тарцъӕх ӕмӕ сондонау бур згъӕрӕфтыд; бӕхты сӕртӕ уыдысты домбӕйтты сӕрты хуызӕн, сӕ комӕй калди арт, фӕздӕг ӕмӕ сондон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan