Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 10:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Авд ӕрвнӕрды дзуапп куы радтой, уӕд ӕз хъуамӕ бавнӕлдтаин фыссынмӕ. Фӕлӕ мӕм уӕларвӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Авд ӕрвнӕрды цы загътой, уый басусӕг кӕн, ма йӕ ныффысс».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 10:4
13 Iomraidhean Croise  

Сымахӕн цавӕрфӕнды рагуац дӕр мыхуырӕй ӕхгӕд чиныджы хуызӕн у. Ахӕм чиныг, кӕсын чи зоны, уымӕ куы раттынц, бакӕс-ма йӕ, зӕгъгӕ, уӕд уый фӕзӕгъы: «Нӕй йын кӕсӕн, мыхуырӕй ӕхгӕд у».


Дунедарӕг мын загъта, райс иу стыр къӕй ӕмӕ йыл, адӕймаг ӕй ӕнцонӕй куыд бакӕса, афтӕ ныффысс: «„Магер-Шалал-Хаш-Баз“.


Ацы ӕвдисӕндар дзӕбӕх батух, ацы зондамындыл мыхуыр сӕвӕр Мӕ ахуыргӕнинӕгты раз».


Ды та, Даниил, бамбӕхс ацы дзырдтӕ ӕмӕ фӕстаг заманмӕ ацы чиныг сӕхгӕн, уымӕн ӕмӕ фӕстаг заманы бирӕтӕ сдзӕгъӕл уыдзысты, ӕмӕ фыдбылыз сарӕх уыдзӕн».


Уый мын дзуапп радта: «Даниил, ацу. Уыцы ныхӕстӕ рӕстӕджы кӕронмӕ ӕмбӕхст ӕмӕ сусӕггонд сты.


Изӕр ӕмӕ райсомы нывӕндты тыххӕй дын цӕстылуайӕны цы раргом ис, уый ӕцӕг у, фӕлӕ цыдӕриддӕр федтай, уыдӕттӕ басусӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ рӕстӕджы кӕронимӕ баст сты».


Сусӕг цы у, уый ис Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ; ӕргом цы у, уый та мыггагмӕ лӕвӕрд у махӕн ӕмӕ нӕ байзӕддагӕн, цӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнӕм ацы Ӕгъдауы алы дзырд дӕр.


Цы уыныс, уый чиныджы ныффысс ӕмӕ йӕ арвит Азийы авд аргъуанмӕ: Эфесмӕ, Смирнӕмӕ, Пергаммӕ, Фиатирӕмӕ, Сардисмӕ, Филадельфи ӕмӕ Лаодикимӕ».


Уӕдӕ ныффысс, цы федтай, цытӕ цӕуы ӕмӕ фӕстӕдӕр цытӕ ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй.


Уӕларвӕй мӕм цы хъӕлӕс ӕрыхъуыст, уый мын ноджыдӕр загъта: «Цу ӕмӕ, денджыз ӕмӕ зӕххыл цы зӕд лӕууы, уый къухӕй гом чиныг райс».


Ноджы мын загъта: «Ма басусӕг кӕн ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ. Уымӕн ӕмӕ рӕстӕг ӕрӕввахс.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan