2 Йӕ къухы уыди гыццыл чиныг гомӕй. Уыцы зӕд йӕ рахиз къах ӕрӕвӕрдта денджызыл, галиу къах та — зӕххыл
Кур, ӕмӕ дын адӕмты дӕ къухмӕ ратдзынӕн, арвы кӕрӕттӕм зӕхх дӕ бар бакӕндзынӕн.
Ӕркӕсут-ма, Хуыцау цы сарӕзта, уымӕ: Йӕ хъуыддӕгтӕ тасы ӕфтауынц адӕмы.
Уӕд ныгуылӕн ӕмӕ скӕсӕны адӕмтыл тас бафтаудзысты Дунедарӕджы ном, Йӕ кады хабӕрттӕ. Тыхгӕнджытӕ цӕугӕдонау куы ’рбагуылф кӕной, уӕд сӕ Дунедарӕг ныффалгӕрон кӕндзӕн уадау.
Йесо сӕм ӕрбахӕстӕг ис ӕмӕ сын загъта: «Арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ дӕр Мӕнӕн лӕвӕрд сты.
Денджызыл ӕмӕ зӕххыл лӕугӕ кӕй федтон, уыцы зӕд йӕ рахиз къух уӕларвмӕ сдардта
Ӕз федтон: Уӕрыкк авд мыхуырӕй асаста фыццаг, ӕмӕ фехъуыстон цыппар уӕларвон удгоймагӕй иуы хъӕлӕс, цыма арв ныннӕрыди, уыйау: «Рацу [ӕмӕ кӕс]».
Уӕрыкк дыккаг мыхуыр куы асаста, уӕд фехъуыстон, дыккаг уӕларвон удгоймаг цы загъта, уый: «Рацу [ӕмӕ кӕс]».