11 Ӕмӕ мын загъдӕуыд: «Ды та бирӕ адӕмтӕ, знӕмтӕ, ӕвзӕгтӕ ӕмӕ паддзӕхты тыххӕй хъуамӕ ногӕй пехуымпар ныхас зӕгъай».
Уыцы зӕххӕн рагацау цы снысан кодтон ӕмӕ ацы чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, Йеремиа ӕппӕт адӕмты тыххӕй рагуацы хуызы цыдӕриддӕр загъта, уыдон Ӕз иууылдӕр сӕххӕст кӕндзынӕн.
Уӕд мын Уый загъта: «Ацы стджыты тыххӕй пехуымпар ныхас фехъусын кӕн, зӕгъ сын: „Уӕ, хус стджытӕ, ӕрбайхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ.
Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Царды комулӕфты тыххӕй рагуац фехъусын кӕн, пехуымпариуӕг кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: царды комулӕфт, цыппар дымгӕйӕ фӕзын ӕмӕ ацы мӕрдтыл раулӕф, цӕмӕй райгас уой“».
Ӕз зӕды къухӕй чиныг райстон ӕмӕ йӕ бахордтон. Ӕмӕ мӕ дзыхы мыдау уыди адджын; куы йӕ бахордтон, уӕд та дзы мӕ хуылф смаст ис.
Радтой мӕм барӕн хъилы хуызӕн лӕдзӕг ӕмӕ мын загътой: «Марадз, сбар Хуыцауы Кувӕндон ӕмӕ нывондхӕссӕн ӕмӕ банымай, чи дзы кувы, уыдоны нымӕц.
Сӕ мӕрдтӕм сын ӕртӕ боны ӕмӕ ӕрдӕг кӕсдзысты адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, ӕвзӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй бирӕтӕ ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ зӕппадзы бавӕрын нӕ бауадздзысты.
Уый фӕстӕ ӕз федтон ӕндӕр зӕды арвы бӕрзӕндты тӕхгӕ. Уыдис ӕм мыггагмӕйы Фарны Уац зӕххон цӕрджытӕн, цӕмӕй йӕ хъусын кӕна алы знӕм ӕмӕ алы мыггагӕн, алы ӕвзаг ӕмӕ адӕмыхаттӕн.
ӕмӕ авд паддзахы. Уыдонӕй фондз амарди, иу дзы ис ныртӕккӕ, иннӕ та нӕма ӕрцыд ӕмӕ, куы ’рцӕуа, уӕд бирӕ нӕ ахӕсдзӕн.
Ды цы дӕс сыкъайы федтай, уыдон сты дӕс паддзахы. Сӕ паддзахӕдтӕ нӕма райстой, фӕлӕ сахаты ӕмгъуыдмӕ сырдимӕ райсдзысты паддзахы бартӕ.
Зӕд мын загъта: «Ды федтай, хъахбай кӕуыл бады, уыцы дӕттӕ — уыдон сты адӕмтӕ ӕмӕ дзыллӕтӕ, адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ.
Уыдон зарыдысты ног зарӕг: «Ды дӕ чиныг райсыны ӕмӕ йын йӕ мыхуыртӕ сисыны аккаг! Уымӕн ӕмӕ Дӕу ӕрхастӕуыди нывондӕн, ӕмӕ Дӕ Тугӕй Ды Хуыцауӕн балхӕдтай адӕмты — алы мыггаг ӕмӕ алы ӕвзаг, алы адӕм ӕмӕ алы знӕмты ӕхсӕнӕй!