10 Ӕз зӕды къухӕй чиныг райстон ӕмӕ йӕ бахордтон. Ӕмӕ мӕ дзыхы мыдау уыди адджын; куы йӕ бахордтон, уӕд та дзы мӕ хуылф смаст ис.
Уый загъта, ӕмӕ фӕзындысты мӕтыхтӕ, ӕнӕнымӕцӕй апырх ис къуыдыргалм;
О Дунедарӕг, ратт уӕлахиз паддзахӕн! Фӕдисхъӕр Дӕм куы ныккӕнӕм, уӕд-иу нӕ фехъус!
Рӕвдауӕн ныхас мыды фӕзгъӕрты ад кӕны: удӕн — ӕхсызгон, буарӕн — ӕнӕнизы хос.
Уый мын ӕй райхӕлдта мӕ разы, ӕмӕ ӕз федтон — чиныгыл дыууӕрдыгӕй дӕр фыст: «хъарӕг, хъӕрзын ӕмӕ додой».
Уд мӕ систа ӕмӕ мӕ ахаста уырдыгӕй. Ӕз цыдтӕн, хъынцъымгӕнгӕйӕ, мӕстӕлгъӕдӕй, уымӕн ӕмӕ мыл Дунедарӕг Йӕ къухы уӕз ӕруагъта.
Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Дӕ гуыбын байдзаг кӕн ӕмӕ дӕхи бафсад, мӕнӕ дын цы тухгӕ чиныг дӕттын, уымӕй». Ӕз бахордтон, ӕмӕ цыма мыд бахордтон, уыйау мӕ дзых садджын.
Ӕмӕ мын загъдӕуыд: «Ды та бирӕ адӕмтӕ, знӕмтӕ, ӕвзӕгтӕ ӕмӕ паддзӕхты тыххӕй хъуамӕ ногӕй пехуымпар ныхас зӕгъай».
Ӕз бацыдтӕн зӕдмӕ ӕмӕ йын загътон: «Ратт мын уыцы чиныг». Уый мын загъта: «Айс ӕй ӕмӕ йӕ бахӕр. Дӕ хуылф дын смаст кӕндзӕн, дӕ дзыхы та мыдау адджын уыдзӕн».